Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 139:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 О Дунедарӕг, фыдгӕнӕгӕй мӕ фервӕзын кӕн, тыхгӕнӕгӕй мӕ бахиз!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 О Дунедарӕг, фыдгӕнӕгӕй мӕ фервӕзын кӕн, тыхгӕнӕгӕй мӕ бахиз!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 139:2
17 Iomraidhean Croise  

Агар йемӕ дзурӕг Дунедарӕджы рахуыдта ахӕм номӕй: «Ды дӕ, мӕн Чи уыны, уыцы Хуыцау». Загъта: «Ӕз ам ӕцӕгдӕр федтон, мӕныл Чи ауды, уыцы Хуыцауы».


Ӕз дын зонын дӕ алы къахдзӕф дӕр — де ’рбадт, дӕ рацыд ӕмӕ де ’рбацыд, зонын ӕй, Мӕ ныхмӕ кӕй сыстадтӕ, уый.


Сӕ иу ын дзуапп радта: «Нӕ, мӕ паддзах! Уый йын Израилы пехуымпар Елисей рахабар кӕны, ды дӕ хуыссӕнуаты цы фӕзӕгъыс, уыдӕттӕ дӕр».


Мӕ зӕрдӕ фӕфидар ис, Хуыцау, фӕфидар ис мӕ зӕрдӕ: ӕз зардзынӕн, зарӕгӕй Дӕ стаудзынӕн.


Ӕз смӕсты дӕн ӕмӕ расомы кодтон: «Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты уыдон».


Дунедарӕджы цӕстытӕ алкӕдӕм дӕр кӕсынц: фыдзӕрдӕты дӕр уынынц ӕмӕ, хӕларзӕрдӕ чи у, уыдоны дӕр.


Цыдӕриддӕр дӕм фӕндтӕ фӕзыны — зонын дын сӕ рагацау. Зонын, Мӕ разы куыд къӕйных дӕ, уый дӕр.


Дунедарӕджы Уд мыл ӕртыхсти ӕмӕ мын загъта: «Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Израилы адӕм, Ӕз уын уӕ ныхӕстӕ ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ зонын.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: рагзаман Мӕ цагъарты, Израилы пехуымпарты, уылты кӕй тыххӕй дзырдтон, уый ды дӕ. Уыдон уыцы заман рагацау дзырдтой, Ӕз дӕ Израилы ныхмӕ кӕй ракӕндзынӕн, уый тыххӕй.


Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл».


Йесо сын зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ загъта: «Ахӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ уӕм цӕмӕн сӕвзӕрд?


Йесо сын зыдта сӕ мидхъуыдытӕ ӕмӕ фӕдзырдта иу сабимӕ. Йӕ фарсмӕ йӕ ӕрлӕууын кодта


Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.


Уыйадыл бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ бавзардзысты, ӕмӕ уӕд ацы зарӕг сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕ тъымы-тъыма дӕр нӕ ферох кӕндзӕн. Сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕйӕ бавӕрдтон, уырдӕм сӕ нӕма бакодтон, фӕлӕ, сӕхи куыд равдисдзысты, уый Ӕз ныридӕгӕн зонын».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan