Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 136:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ӕз дӕу куы ферох кӕнон, Йерусалим, ме стырдӕр цин ды куынӕ уай, уӕд ме ’взаг мӕ комарынгыл баныхӕсӕд!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 Ӕз дӕу куы ферох кӕнон, Йерусалим, ме стырдӕр цин ды куынӕ уай, уӕд ме ’взаг мӕ комарынгыл баныхӕсӕд!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 136:6
11 Iomraidhean Croise  

Хуыцау загъта: «Арвы бын цы дон ис, уый ӕрӕмбырд уӕд иу ранмӕ, ӕмӕ разынӕд сур». Ӕмӕ сси афтӕ.


Уый айтыгъта цӕгат афтид тыгъдады сӕрмӕ, ницӕуыл ӕрцауыгъта зӕхх.


Мыййаг, ды Йемӕ нӕ айтыгътай уӕлӕрвтӕ, джиппыуагъд айдӕнау фидар чи у, уыдон?


Мӕ Хуыцау! Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ, уадз ӕмӕ ма фӕхудинаг уон, ма мыл фӕуӕлахиз уой ме знӕгтӕ.


Зӕххы зиллаккӕн йӕ сӕрмӕ бады Уый. Зӕххыл чи цӕры, уыдон цъырцъырӕгтӕй уӕлдай не сты. Уый та уӕлӕрвтӕ айтыгъта уӕздан уӕфтӕй, ӕрцарӕзта сӕ цатырау, цӕмӕй сӕ быны уа цӕрӕн.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, уӕлӕрвтӕ Чи сфӕлдыста ӕмӕ сӕ Чи айтыгъта, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон сфӕлдисӕг, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн царды комулӕфт Чи ратты, чидӕриддӕр зӕххыл цӕры, уыдонӕн царды комулӕфт Чи балӕвар кӕны, Уый:


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта, Уый, уӕ Ирвӕзынгӕнӕг: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста, Уый. Уӕлӕрвтӕ Ӕз айтыгътон, Зӕхх Мӕ хъомысӕй Ӕз ӕрцарӕзтон.


Уый Йӕ хъомысӕй сфӕлдыста зӕхх, Йӕ уӕлзонды фӕрцы сфидар кодта дуне, ӕгӕрон зондӕй айтыгъта уӕлӕрвтӕ.


Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan