Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 136:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Вавилоны цӕугӕдӕтты был-иу бадтыстӕм ӕмӕ нӕ цӕссыг калдтам, Сион мысгӕйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Вавилоны цӕугӕдӕтты был-иу бадтыстӕм ӕмӕ нӕ цӕссыг калдтам, Сион мысгӕйӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 136:1
16 Iomraidhean Croise  

Арфӕ кӕнут нӕ Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ Уый хорзӕхджын у, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Уыдонимӕ ма уыдысты Хеман ӕмӕ Йедутун, стӕй иннӕ ӕвзӕрст лӕгтӕ. Сӕ хӕс уыди Дунедарӕджы стауын, афтӕ дзургӕйӕ: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!»


Иосафат адӕмимӕ бауынаффӕ кодта ӕмӕ зарӕггӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕфсады разӕй цӕуой ӕмӕ Дунедарӕджы кадӕн зарой, стауой Йын Йӕ уаз стырад: «Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ хорзӕх мыггагмӕ нӕ сӕфы!»


Израилӕгтӕ, арвӕй арт ӕрцыд, Кувӕндон та Дунедарӕджы кадӕй байдзаг ис, уый куы федтой, уӕд дурын астӕрдыл ныддӕлгом сты. Дунедарӕгмӕ бакуывтой ӕмӕ Йӕ стыдтой: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ нӕ сӕфы!»


Сауджынтӕ ӕххӕст кодтой сӕ хӕстӕ, левиттӕ дӕр сӕ бынӕтты ӕрлӕууыдысты, кӕддӕр Давид Дунедарӕджы стауынӕн кӕй саразын кодта, уыцы зӕлуадзӕнтимӕ. Уыдон дӕр ӕй Давидау стыдтой: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Сауджынтӕ сӕ разы хӕтӕлтӕй цагътой, Израилы адӕм та уырдыг лӕууыдысты уыцы ран.


Уыдон-иу радыгай ныззарыдысты, Дунедарӕджы стаугӕйӕ ӕмӕ Йын кад кӕнгӕйӕ: «Хӕрзаудӕг у Уый, Йӕ хорзӕхӕй Израил хайджын у ӕнустӕм!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕмы хъӕлӕс ӕрвнӕрӕгау нӕрыд. Иууылдӕр кад кодтой Дунедарӕгӕн, Йӕ хӕдзары бындур ӕвӕрд кӕй ӕрцыди, уый тыххӕй.


Фӕсвӕд искӕуыл цъыф чи калы, уыдоны дзыхтӕ сӕхгӕнын, сӕрхызт ӕмӕ ӕнӕввӕрсонӕн нӕ барын.


Мӕргътӕ сыл ахстӕттӕ кӕнынц, нӕзытыл ӕрбынат кӕнынц къадзтӕ.


Алелуйа! Сыстаут Дунедарӕджы, уымӕн ӕмӕ ныл ауды, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, стаут Ӕй, уымӕн ӕмӕ ныл ауды, мыггагмӕ нӕ буц кӕны Йӕ хорзӕхтӕй!


Зарӕг. Давиды псалом.


Тӕхудиаг сты уыдон, сӕ фӕндаг ӕнӕкъӕм кӕмӕн у, Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры.


Чи Дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын сты.


фидар хӕцут Хуыцауы уарзтыл, ӕнхъӕлмӕ кӕсут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхмӕ, мыггагмӕйы цардӕй куыд схайджын уат, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan