Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 135:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 ӕмдзӕхгӕр сис-уылӕнты ’хсӕнты Израилы адӕмы ракодта — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 ӕмдзӕхгӕр сис-уылӕнты ’хсӕнты Израилы адӕмы ракодта — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 135:14
11 Iomraidhean Croise  

Хуыцау мӕлӕтхӕссӕг зӕд арвыста Йерусалим бабын кӕнынмӕ, фӕлӕ уый адӕмы цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Дунедарӕг ӕркаст ӕмӕ фӕтӕригъӕд кодта сахарӕн, нал Ӕй бафӕндыди бӕллӕх ӕруадзын. Зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕруадз дӕ къух». Уыцы уысм мӕлӕтхӕссӕг зӕд уыди йевусаг Орнаны мусы сӕрмӕ.


Ӕрӕхс мын мӕ азым, ссыгъдӕг мӕ кӕн мӕ тӕригъӕдӕй!


Дӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты адӕмтӕ, Ды сӕ сӕрмӕ бӕрзонд Дӕ паддзахы бадӕны ӕрбад!


Домбай ӕмӕ сау калмы дӕ къӕхты бын кӕндзынӕ, домбай ӕмӕ залымы ныссӕнддзынӕ.


Ӕмӕ Дунедарӕг аивта Йӕ фӕндон. «Нӕ уыдзӕн уый» — загъта Дунедарӕг.


Ӕмӕ Дунедарӕг йӕ фӕндон аивта. «Нӕ уыдзӕн уый дӕр» — загъта Дунедарӕг.


Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг! Мӕхи бӕстӕйы ма куы цардтӕн, уӕд ууыл нӕ дзырдтон, мыййаг? Таршишмӕ лидзын дӕр уый тыххӕй сфӕнд кодтон, уымӕн ӕмӕ зыдтон, фӕлмӕнзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бирӕбараг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ Дӕ фыдбылыз ӕруадзын кӕй нӕ фӕнды, уый.


Дунедарӕг Йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцдзӕни, Йӕ цагъартӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕни, сӕ хъару басаст ӕмӕ сӕрибарӕй, цагъарӕй царӕфтыд кӕнынц, уый куы фена, уӕд.


Ӕмӕ ныууагътой ӕцӕгӕлон хуыцӕутты, раздӕрау лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн. Дунедарӕджы бон нал уыд Израилы хъизӕмӕрттӕм кӕсын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan