Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 133:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Кувӕндонмӕ уӕ къухтӕ дарут ӕмӕ арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Кувӕндонмӕ уӕ къухтӕ дарут ӕмӕ арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 133:2
10 Iomraidhean Croise  

Ӕз сдзынӕзтон Дӕумӕ, Дунедарӕг, ӕмӕ загътон: «Ды дӕ ме ’мбӕхсӕн, мӕ амонды хай зӕххыл!»


Пӕлӕзы фӕччийыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй скӕн гранаты дыргъты ӕнгӕс тымбылӕгтӕ, уыдоны ’хсӕнты та ӕрцауындз сыгъзӕрин дзӕнгӕрджытӕ.


Уый фӕстӕ райс оливӕйы сой, йӕ сӕрыл ын ӕй рауадз ӕмӕ йӕ байсӕрд.


Уыдон арӕхстгай иумӕ сызмӕнт, цӕмӕй сӕ рауайа судзинаг хӕрздӕфгӕнӕн; цӕхх дӕр ма йыл акӕн. Хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ уаз.


Пӕлӕзы фӕччийыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрвхуыз, игӕрхуыз ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй скодтой гранат фӕткъуыйы хуызӕн тымбылӕгтӕ,


Сӕрдӕны хӕрздӕф ӕмӕ будтӕф зӕрдӕйӕн ӕхцон сты, ӕмбалы зӕрдӕбын уынаффӕ дӕр афтӕ ’хсызгон у.


О, ахон мӕ, мах лидздзыстӕм дӕ фӕдыл! О, паддзах мӕ ӕрбакодта йӕ галуанмӕ! — Зӕрдӕскъӕфт фӕуыдзыстӕм ӕмӕ дыл цин кӕндзыстӕм, дӕ рӕвдыд дын сӕнӕй фылдӕр стаудзыстӕм — аккаг уарзтӕй дӕ уарзынц чызджытӕ!


Аароны сӕрыл сой ӕруагъта ӕмӕ йӕ байсӕрста — Дунедарӕджы раз ӕй ссыгъдӕг кодта.


Уӕд Мариа райста, нард кӕй хонынц, уыцы зайӕгойӕ конд зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕны джиранка, байсӕрста дзы Йесойы къӕхтӕ ӕмӕ Йын сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. Хӕдзар байдзаг ис хӕрздӕфӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan