Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 128:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Сионы хох ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдон фидиссаг фӕуӕнт ӕмӕ сӕ фӕд-фӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕнт!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 Сионы хох ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдон фидиссаг фӕуӕнт ӕмӕ сӕ фӕд-фӕд фӕстӕмӕ аздӕхӕнт!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 128:5
9 Iomraidhean Croise  

Мӕ фӕндӕгтӕ Дын раргом кодтон ӕз, ӕмӕ мӕ Ды фехъуыстай; сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.


Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг у хӕрзгӕнӕг. Стаут ын зарӕгӕй Йӕ ном, уымӕн ӕмӕ уый тынг ӕхцон у.


сӕ зӕххытӕ сын радта исбонӕн — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;


О Дунедарӕг! Дӕ хъаруйыл цин кӕны паддзах, йӕ зӕрдӕ райы Дӕ ирвӕзындзинадӕй!


Цӕмӕ бӕллыд, уый йын радтай, йӕ курдиатыл нӕ атигъ кодтай Дӕхи.


Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ. Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм». Афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй, рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас.


Уӕ цӕст ахӕссут Сионыл, нӕ бӕрӕгбӕтты сахарыл, ӕмӕ фендзыстут Йерусалим, йӕ фӕрнджын бынат, йе ’нӕфенкъуысгӕ Уаз цатыр. Уымӕн йӕ цӕджындзтӕ никуы ӕрцӕудзысты къахт, никуы атондзӕн йӕ бӕндӕнтӕй иу дӕр.


Арфӕгонд уӕд Хуыцау, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Фыд, Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы махӕн монон лӕвӕрттӕ ӕххӕстӕй уӕлӕрвты Чи саккаг кодта!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan