Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 126:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Бӕгъатыры къухы фаттӕ куыд сты, афтӕ сты фырттӕ дӕр се ’рыгонӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Бӕгъатыр къухы фаттӕ куыд сты, афтӕ сты фырттӕ дӕр се ’рыгонӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 126:4
9 Iomraidhean Croise  

Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Соломон. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕдзар аразынмӕ куынӕ бавнала, уӕд аразджыты фыдӕбон хӕрз дзӕгъӕлы у. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг сахар куынӕ хъахъхъӕна, уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц цырддзастӕй йӕ хъахъхъӕнджытӕ.


О Дунедарӕг, Ды мӕ ныфс Дӕ, Дӕ лӕггадгӕнӕджы зӕрдӕ барухс кӕн!


асӕррӕтт кӕндзӕни сагау къуылых, гоби чи уыди, уый цины хъӕр сисдзӕн. Фестдзӕни суадӕтты гуырӕн сыгъд быдыр, тыгъд быдыр — цӕугӕдӕтты бӕстӕ.


Хӕхтыл сын рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ, дӕлвӕзты сын фестын кӕндзынӕн суадӕттӕ, ӕдзӕрӕг быдыры сын айтындздзынӕн цад, сыгъд зӕххы азгъордзысты къададӕттӕ.


Ныр уӕ сӕраппонд аразын ног хъуыддаг. Хурау бӕрӕг куы у, кӕй ӕрцӕудзӕн, уый, уӕд ӕй нӕ фиппайут? Ӕдзӕрӕг быдыры уын айгӕрддзынӕн фӕндаг, сыгъд быдырты уын рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ.


Ӕз уӕм мӕхи раргом кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уацарӕй уӕ раздахдзынӕн. Цы бӕстӕтӕ ӕмӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, уырдыгӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕцӕй уӕ фӕсырдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ фӕстӕмӕ раздахдзынӕн.


Уымӕн ӕмӕ ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Мӕ адӕмы, Израил ӕмӕ Иудейы, уацарӕй раздахдзынӕн. Сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уырдӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн, исбонӕн сын ӕй ратдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Иудейӕгтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ иумӕ ӕрбамбырд уыдзысты, сӕхицӕн иу фӕтӕджы сӕвӕрдзысты ӕмӕ уыцы бӕстӕй рацӕудзысты, уымӕн ӕмӕ Изреелмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр фидӕн.


афтӕ дӕрддзӕф ран (Царетаны фарсмӕ Адамы сахары цур), Иорданӕн йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕууыд, ӕмдзӕхгӕр сис фестади. Дӕлӕрдӕм, Мард денджызмӕ цы дон калди, уый фӕцыдӕр ис, байсыст. Ӕмӕ адӕм доны фаллаг фарсмӕ ахызтысты Йерихоны бакомкоммӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan