Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 126:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Соломон. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕдзар аразынмӕ куынӕ бавнала, уӕд аразджыты фыдӕбон хӕрз дзӕгъӕлы у. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг сахар куынӕ хъахъхъӕна, уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц цырддзастӕй йӕ хъахъхъӕнджытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Соломон. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕдзар аразынмӕ куы нӕ бавнала, уӕд аразджыты фыдӕбон хӕрз зӕгъӕлы у. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг сахар куы нӕ хъахъхъӕна, уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц цырддзастӕй йӕ хъахъхъӕнджытӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 126:1
24 Iomraidhean Croise  

Иов йе ’мбӕлтты тыххӕй куы скуывта, уӕд ын Дунедарӕг, раздӕр ӕм цы уыди, уыдон дывӕрӕй фӕстӕмӕ бафтыдта йӕ къухы.


Куы Йӕм ныхъхъӕр кӕнин, ӕмӕ мын дзуапп куы раттид, уӕд дӕр мӕ нӕ бауырнид, кӕй мӕм байхъусдзӕн, уый.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон хӕхтӕм: кӕцӕй мӕм ӕрцӕудзӕн ӕххуыс?


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Дунедарӕджы хӕдзармӕ цомут, зӕгъгӕ, куы фехъуыстон, уӕд ныццин кодтон.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Ме скаст Дӕумӕ у, уӕлӕрвты Цӕрӕг!


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, — Израил йӕхӕдӕг зӕгъӕд, —


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕг йӕ ныфс кӕмӕн у, уый Сионы хохау нӕ фенкъуысдзӕни мыггагмӕ.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕг Сионӕн йӕ уацайрӕгты ӕрбаздӕхта, уӕд нӕм уый фын фенӕгау касти.


Фӕлӕ мӕнӕн Хуыцау ӕххуыс кӕны, Дунедарӕг мӕ удылхӕцӕг у,


Давиды куывд. О Дунедарӕг, фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт, уымӕн ӕмӕ мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн!


Фыдбылызӕй мӕ бахиз, уымӕн ӕмӕ Дыл ӕз иузӕрдион дӕн! Фервӕзын кӕн Дӕ лӕггадгӕнӕджы, уымӕн ӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ, мӕхи Дӕуыл фӕдзӕхсын!


Ӕз уӕм мӕхи раргом кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уацарӕй уӕ раздахдзынӕн. Цы бӕстӕтӕ ӕмӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, уырдыгӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕцӕй уӕ фӕсырдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ фӕстӕмӕ раздахдзынӕн.


афтӕ Ме ’ргом нӕ аздахдзынӕн Йаков ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды байзӕддӕгтӕй, цӕмӕй Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы фӕстагӕттӕй паддзах мауал равзарон, уый тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн ӕмӕ сын ныххатыр кӕндзынӕн».


Дӕуӕн дӕр, Иудӕ, сар дӕ сӕр кӕны, Ӕз Мӕ адӕмы уацарӕй фӕстӕмӕ куы раздахон, уӕд.


Уыцы заман Ӕз Иудӕ ӕмӕ Йерусалимы уацайрӕгты фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ раздахдзынӕн.


Фӕлӕ уыдон, Йесо райгас ис ӕмӕ Йӕ Мариа федта, зӕгъгӕ, уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ нӕ бауырныдта.


Фӕлӕ сыл нӕ баууындыдысты, афтӕ сӕм фӕкаст, цыма уыдон ӕрмӕст афтид ныхӕстӕ сты.


Фыр цинӕй сӕ куы нӕ уырныдта ӕмӕ дисы куы бафтыдысты, уӕд сын загъта: «Хӕринаг уӕм ницы ис?»


Петр рахызт ӕмӕ цыди зӕды фӕдыл, фӕлӕ не ’мбӕрста, зӕд цы аразы, уый ӕцӕг кӕй у — ӕнхъӕл уыдис, ӕмӕ йӕ цӕстытыл уайы.


уӕд уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ныххатыр кӕндзӕн, уӕ раздӕры ӕдыхст цард уын фӕстӕмӕ раздахдзӕн, дунейы адӕмты ’хсӕнӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan