Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 125:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Нӕ цины хъӕр хъуысти, зарыдыстӕм, махмӕ кӕсгӕйӕ, адӕмтӕ дзырдтой: «Дунедарӕг сын стыр диссаг сарӕзта!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Нӕ цины хъӕр хъуысти, зарыдыстӕм, махмӕ кӕсгӕйӕ, адӕмтӕ дзырдтой: «Дунедарӕг сын стыр диссаг сарӕзта!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 125:2
8 Iomraidhean Croise  

Елисей скуывта: «О Дунедарӕг! Байгом ын кӕн йӕ цӕстытӕ, ӕмӕ сӕ фена». Дунедарӕг лӕггадгӕнӕджы цӕстытӕ байгом кодта, ӕмӕ уый федта: Елисейы алыварс хох бӕхты ӕмӕ пиллӕттӕ уадзгӕ хӕстон уӕрдӕтты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕны.


Ме ’фсымӕрты, мӕ хиуӕтты сӕрвӕлтау дын зӕгъын: «Фарн дӕм уӕд!»


Мӕ сӕрӕн ницы зонын, афтӕмӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой; ницы ракодтон, афтӕмӕй мын уӕрм скъахтой.


Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ, йӕ алфамбылӕйтты адӕм бӕрӕгбоны охыл кӕмӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, уыцы бынӕтты сӕрмӕ равдисдзӕн, Йӕхӕдӕг уым кӕй ис, уый нысан: боныгон — ӕврагъ, ӕхсӕвы та — фӕздӕг ӕмӕ пиллон арты цӕджындз. Уыцы кады ӕмбӕрзӕн тыгъд уыдзӕн ӕппӕт сахары сӕрмӕ.


Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ уӕздӕттӕ ӕнхъӕл нӕ уыдысты, кӕй бахиздзӕни залым Йерусалимы кулдуарыл.


Ӕз сахары алыварс ӕхсидгӕ сис фестдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ йӕ адӕмы ’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Лидзгӕут цӕгатӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уӕ Ӕз, дымгӕмӕ фӕйлауӕгау, алы рӕтты ныххӕлиу кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕнусон Хуыцау — де ’мбӕхсӕн, Йе ’нусон ӕрмтты дӕ хӕссы. Фӕсурдзӕни дын де знӕгты ӕмӕ зӕгъдзӕн: „Ныццӕгъд сӕ!“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan