Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 125:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕг Сионӕн йӕ уацайрӕгты ӕрбаздӕхта, уӕд нӕм уый фын фенӕгау касти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕг Сионӕн йӕ уацайрӕгты ӕрбаздӕхта, уӕд нӕм уый фын фенӕгау касти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 125:1
41 Iomraidhean Croise  

Тӕккӕ тохы сахат Хуыцаумӕ кӕй скуывтой, сӕ зӕрдӕ Йыл кӕй дардтой, уымӕ гӕсгӕ сын Уый сӕ куывд фехъуыста ӕмӕ сын баххуыс кодта, ӕмӕ агарӕгтӕ, семӕ чидӕриддӕр уыд, уыдонимӕ сӕ амӕттаг баисты.


Сӕумӕцъӕхӕй Текоайы ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм сӕ фӕндаг адардтой. Куы рацӕйцыдысты, уӕд Иосафат сыстади ӕмӕ загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ӕууӕндут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл, ӕмӕ нӕ фӕцуддзыстут! Ӕууӕндут Ын Йӕ пехуымпартыл ӕмӕ ӕнтыстджын уыдзыстут!»


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон хӕхтӕм: кӕцӕй мӕм ӕрцӕудзӕн ӕххуыс?


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Дунедарӕджы хӕдзармӕ цомут, зӕгъгӕ, куы фехъуыстон, уӕд ныццин кодтон.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Ме скаст Дӕумӕ у, уӕлӕрвты Цӕрӕг!


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, — Израил йӕхӕдӕг зӕгъӕд, —


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕг йӕ ныфс кӕмӕн у, уый Сионы хохау нӕ фенкъуысдзӕни мыггагмӕ.


Дунедарӕг паддзахӕн йӕ ныфс у, Бӕрзӕндтыл Бадӕджы хорзӕх ӕй ис, ӕмӕ нӕ фӕцуддзӕн.


О Дунедарӕг, бафӕлвар мӕ, мӕ зӕрдӕйы сусӕгтӕ мын басгар!


О Дунедарӕг! Ӕз бауарзтон Дӕ хӕдзар, Дӕ кады цӕрӕн!


Давиды псалом. Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх! Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз! Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай, уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни.


Дунедарӕг! Ды адӕттӕ иууылдӕр уыныс ӕмӕ Дӕхи ма ныхъхъус кӕн! Ма мӕ ныууадз!


Йӕхӕдӕг нын равзӕрста фыдӕй-фыртмӕйы исбон — Йӕ уарзон Йаков хъал кӕмӕй у, уыцы бынтӕ.


Цины уынӕримӕ Хуыцау ссыди уӕлӕмӕ, ссыди Хуыцау сыкъауадындзы зӕлтимӕ.


О Хуыцау! Ды мӕ Хуыцау дӕ, сӕумӕйӕ Дӕм тырнын. Дӕумӕ бӕллы мӕ уд, ӕнӕдон, хус ӕдзӕрӕг быдыры, Дӕу мысгӕйӕ, ӕз баруайын.


Раргом мӕм Дӕ Кувӕндоны, федтон Дын Дӕ кад ӕмӕ Дӕ хъару.


Мӕ уд цыма сойӕфсӕст у, уыйау райгӕйӕ Дӕ стауы ме ’взаг.


Мӕ хуыссӕны дӕр Дӕ ӕрымысын, ӕхсӕвыгон дӕр Демӕ сты мӕ хъуыдытӕ.


Зилгӕ дымгӕ рацыди — ӕнӕхуыцау фесӕфти, рӕстуд та мыггагмӕ фидар уыдзӕн.


Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»


Уӕдӕ цы дзуапп раттын хъӕуы ацы адӕмы минӕвӕрттӕн? Уыдонӕн зӕгъын хъӕуы, Сион сфидар кодта Дунедарӕг, ӕмӕ дзы Йӕ адӕмы мӕгуыртӕ сӕ сӕртӕ бафснайдзысты, зӕгъгӕ».


Удвидар, ӕнӕфӕцудгӕ чи у, уыдоны Ды схайджын кӕныс фарнӕй, уымӕн ӕмӕ Дӕуӕй сты ныфсджын.


Дунедарӕгыл уӕ зӕрдӕ дарут мыггагмӕ, уымӕн ӕмӕ Уый не ’нусон Къӕдзӕх у!


Дунедарӕг кӕй ссӕрибар кӕна, уыдон цингӕнгӕ ӕрбаздӕхдзысты Сионмӕ, ӕнусон цин ӕнхъӕвздзӕни сӕ сӕрмӕ. Цинӕй райдзысты, мӕт ӕмӕ хъынцъымӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн.


Ӕз айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ фидар сарӕзтон зӕхх. Ӕмӕ Сионы цӕрджытӕн зӕгъын, сымах Мӕ адӕм стут! Фӕдзӕхсын уын, адӕмы рӕгъмӕ куыд хӕссат Мӕ уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ базыры бын бакӕндзынӕн».


Уӕ фыдгултӕ бабын уыдзысты, рӕмпӕг дарӕс куыд бахӕры, къуыдыргалм та — къуымбил, уый хуызӕн».


Раст-ма, раст, Сион, ӕмӕ равдис дӕ кӕддӕры хъомыс! Ӕрбакӕн дӕ уӕлӕ дӕ кады фӕлыстытӕ, уаз сахар Йерусалим! Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ кулдуарӕй мидӕмӕ нал бахиздзӕн иунӕг ӕнӕсунӕтгонд ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, уый дӕр.


Сионы хохмӕ ’рбацӕудзысты ирвӕзынгӕнджытӕ — Исавы хохӕн тӕрхон кӕнынмӕ, ӕмӕ ралӕудзӕнис Дунедарӕджы паддзахад.


Бирӕ адӕмтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, Йӕ фӕндӕгтыл нӕ сахуыр кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ цӕуӕнтыл цӕудзыстӕм». Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау рацӕудзӕни Сионӕй, Дунедарӕджы ныхас — Йерусалимӕй.


Ӕмӕ мын уӕд, мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый загъта: «Фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ маст рафыхти Йерусалим ӕмӕ Сионы знӕгтӕм,


Ноджы сын фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ сахартӕ ногӕй бӕркадджын суыдзысты, Дунедарӕг басабыр кӕндзӕн Сион, ногӕй сӕвзардзӕн Йерусалим».


Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.


Ӕз федтон: мӕнӕ Сионы хохыл лӕууы Уӕрыкк; Йемӕ сты, Йӕ ном ӕмӕ Йӕ Фыды ном йӕ тӕрныхыл фыст кӕмӕн у, уыцы 144 000 адӕймаджы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan