Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 121:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ме ’фсымӕрты, мӕ хиуӕтты сӕрвӕлтау дын зӕгъын: «Фарн дӕм уӕд!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

8 Ме ’фсымӕрты, мӕ хиуӕтты сӕрвӕлтау дын зӕгъын: «Фарн дӕм уӕд!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 121:8
12 Iomraidhean Croise  

Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Дунедарӕг дын загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».


Уыйадыл уым, Ахавайы цӕугӕдоны был, ӕз комдарӕн расидтӕн, нӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс кӕй стӕм, уый равдисынӕн ӕмӕ Йӕм скуывтон, цӕмӕй нӕ ӕд исбон рӕствӕндаг фӕкӕна нӕ цотимӕ.


Уыйадыл Ахавайы цӕугӕдоны былӕй араст стӕм фыццаг мӕйы дыууадӕсӕм бон ӕмӕ нӕ фӕндаг адардтам Йерусалиммӕ. Нӕ Хуыцау ныл Йӕ арм дардта — Уый-иу нӕ фервӕзын кодта знӕгтӕй, стӕй-иу нӕ размӕ чи бабадти, уыдонӕй.


уӕд Иудӕ Дунедарӕджы уаз цӕрӕн сси, Израил баци Йӕ исбон.


Нӕ цины хъӕр хъуысти, зарыдыстӕм, махмӕ кӕсгӕйӕ, адӕмтӕ дзырдтой: «Дунедарӕг сын стыр диссаг сарӕзта!»


«Мӕ цатырмӕ нӕ бацӕудзынӕн, мӕ хуыссӕны не ’рхуысдзынӕн,


Уый хъахъхъӕны раст адӕмы фӕндӕгтӕ, ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны цӕуӕнтӕ.


Цыфӕнды фӕндагыл куы цӕуай, уӕддӕр-иу Дунедарӕджы фӕндон базонынмӕ тырн, ӕмӕ дын дӕ фӕндӕгтӕ слӕгъз кӕндзӕн.


Ӕлгъыст уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.


Арфӕгонд уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan