Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 12:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

5 цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 12:5
27 Iomraidhean Croise  

Мӕгуыр лӕджы Уый бахизы сӕ кардӕй, сӕ дзыхӕй, сӕ хъомысджын къухӕй.


Фыдӕвзаг дӕм нӕ баххӕсдзӕн, гӕныстонӕй дын тас нӕ уыдзӕн.


Дунедарӕг рӕстуды фӕлвары; ӕнӕхуыцау, тыхмиуарзаг ӕнӕуынон сты Йӕ удӕн.


Талынг ӕмӕ бырынцъаг суӕд сӕ фӕндаг, Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд!


Дзырдтой сӕхинымӕр: «Бынтондӕр сӕ ныццӕгъдӕм!» Хуыцаумӕ-иу кӕм куывтам — ӕгас бӕстӕйы уыцы бынӕттӕ басыгътой.


Фӕлӕ сын фараон загъта: «Чи у уыцы Дунедарӕг ӕмӕ Йӕм цӕмӕн хъуамӕ байхъусон? Ӕз Дунедарӕджы нӕ зонын ӕмӕ израилӕгты нӕ ауадздзынӕн».


Мӕгуыр лӕджы чи хъыгдары, уый йын йе Сфӕлдисӕджы ’фхӕры, кад Ын чи кӕны, уый мӕгуыртыл ауды.


Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йе ’взагӕй цы спайда кӕна, уымӕй бафсӕддзӕн.


Ӕз федтон, ӕфхӕрд адӕм куыд кӕуынц, уый, ничи сын ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ се ’фхӕрджытӕ тыхджын сты.


Бӕстӕйӕн йӕ хуыздӕр ӕфтиаг — чи йыл ауды, уыцы паддзах.


Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕн ӕмӕ Йӕ нысан Мысыры зӕххыл. Мысыры ӕфхӕрд адӕм Дунедарӕгмӕ куы сдзыназой, уӕд сын Уый рарвитдзӕнис ирвӕзынгӕнӕджы, сӕрылхӕцӕджы, ӕмӕ сӕ уый фервӕзын кӕндзӕн.


Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр Ӕз растдзынӕн, слӕудзынӕн ӕмӕ Ме ’ппӕт хъомыс раргом кӕндзынӕн.


Йӕ фыд та йӕ тӕригъӕдты тыххӕй амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдта ӕмӕ стыгъта йӕ хионы, йӕ адӕмы ’хсӕн кодта фауинаг хъуыддӕгтӕ.


Се ’ргом здахынц, фӕлӕ Иууылбӕрзондмӕ нӕ! Чи ныззылын ӕмӕ йӕ мысаныл чи нӕ сӕмбӕлы, ахӕм фаты хуызӕн систы. Сӕ къӕйных ныхӕсты тыххӕй се ’лдӕрттӕ карды амӕттаг бауыдзысты, ӕмӕ сыл мысырӕгтӕ сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты.


Уӕ хуымтӕ уын чи ныккарста, уыцы кусджыты мызд уӕхи бакодтат, ӕмӕ уыдон ӕрдиаг кӕнынц хъӕлӕсыдзагӕй. Уыцы хуымгӕрдджыты хъаст сыхъуысти Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ.


Ӕмӕ ныууагътой ӕцӕгӕлон хуыцӕутты, раздӕрау лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн. Дунедарӕджы бон нал уыд Израилы хъизӕмӕрттӕм кӕсын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan