Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 118:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Дӕ уынаффӕты фӕндаг мын бамбарын кӕн, ӕмӕ ӕз хъуыды кӕндзынӕн Дӕ диссӕгтыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

27 Дӕ уынаффӕты фӕндаг мын бамбарын кӕн, ӕмӕ ӕз хъуыды кӕндзынӕн Дӕ диссӕгтыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 118:27
17 Iomraidhean Croise  

Илийа адӕмы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Уӕ дыууӕ къахӕй ма бирӕ къуылых цӕудзыстут, цас ракӕ-бакӕ кӕнут? Кӕд Дунедарӕг у уӕ Хуыцау, уӕд Уымӕн кувут, кӕд Баал, уӕд та — уымӕн!» Адӕмӕй хъыпп-сыпп ничи сфӕрӕзта.


Уый фенгӕйӕ, адӕм иууылдӕр ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ загътой: «Дунедарӕг — нӕ Хуыцау! Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!»


Уый фӕстӕ бон Дунедарӕджы номыл аргӕвстой кусӕрттӕгтӕ ӕмӕ Йын ӕрхастой иууылсудзинӕгтӕ: мин галы, мин фысы ӕмӕ мин уӕрыччы, уыдонимӕ — сӕн. Аргӕвстой ма бирӕ ӕндӕр кусӕрттӕгтӕ дӕр ӕппӕт Израилы номӕй.


Иудейӕгтӕ цин кодтой ӕмӕ радысты, хъӕлдзӕг ӕмӕ бӕрӕгбонхуыз уыдысты.


Ме ’нӕзонды аххосӕй сысмаг сты, хӕф кӕнынц мӕ цӕфтӕ.


Йӕ цыппар тигъыл ын скӕн фӕйнӕ сыкъайы, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уой, афтӕ, ӕмӕ йӕ иууылдӕр састӕр ӕрхуыйӕ.


Йӕ цыппар тигъыл ын скодта фӕйнӕ сыкъайы, нывондхӕссӕнимӕ иу куыд уыдаиккой, афтӕ ӕмӕ йӕ иууылдӕр састӕрдта ӕрхуыйӕ.


Дунедарӕг зӕгъы: «Сыст, сӕрттив, Йерусалим, — ссыгъди дӕ рухс, дӕ сӕрмӕ тӕмӕнтӕ калы Дунедарӕджы кад!


Талынджы цы адӕм цардысты, уыдон ӕгӕрон рухс федтой, саудалынджы бӕстӕйы чи царди, уыдоны сӕрмӕ рухс сӕрттывта.


Ӕз Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын дӕн, ӕмӕ Йын уымӕ гӕсгӕ фӕраздзынӕн Йӕ мастӕн, цалынмӕ мын мӕ хъуыддаг равзара ӕмӕ мын тӕрхон рахӕсса, уӕдмӕ. Уый мӕ ракӕндзӕни рухсмӕ, ӕмӕ Йын фендзынӕн Йӕ рӕстдзинад.


Сымахыл та, Мӕ номӕн кад чи кӕны, уыдоныл, скӕсдзӕни рӕстдзинады хур. Йӕ тынтӕ ӕвдадзы хос сты, ӕмӕ, фосдонӕй ӕддӕмӕ кӕй рауагътой, уыцы хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут.


Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».


Цӕй уӕдӕ Йесойы фӕрцы иудадзыг ӕппӕлӕм Хуыцауӕй — уадз ӕмӕ Йын уый уа нӕ нывонд, ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Йӕ ном.


Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan