Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 114:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уӕд ӕз Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг, бахиз мын мӕ уд!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

4 Уӕд ӕз Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг, бахиз мын мӕ уд!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 114:4
14 Iomraidhean Croise  

Арвы иу кӕронӕй райдайы йӕ фӕндаг, абалц кӕны иу кӕронӕй иннӕмӕ, ӕмӕ нӕй бамбӕхсӕн йӕ тӕвдӕй.


уымӕн ӕмӕ иу уысм ахӕссы Йӕ маст, Йӕ хорзӕх та — цӕрӕнбонты. Изӕрыгон райхъуысы кӕуын, райсомӕй та циндзинад фӕзыны.


Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?


науӕд мӕ йӕ уӕлныхты сисдзӕн ӕмӕ мӕ аныхъуырдзӕн, мӕ сӕрмӕ сӕхгӕндзӕн йӕ ком.


Синайы хох фӕздӕджы бын фӕци, уымӕн ӕмӕ йын йӕ сӕрмӕ артау Йӕхи ӕруагъта Дунедарӕг. Пецау фӕздӕг калдта хох ӕмӕ-иу сӕнкъуысти.


Арв нӕрыд ӕмӕ ӕрттывта, уасыд сыкъауадындз, фӕздӕг калдта хох. Адӕм уыдтой ӕмӕ хъуыстой ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дӕрддзӕф алӕууыдысты.


Хӕхтӕ нынкъуысынц, къуылдымтӕ ныззыр-зыр кӕнынц, зӕхх, ӕппӕт дуне ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ нырризынц Йӕ разы.


сыстади, нынкъуысын кодта зӕхх. Йӕ цӕстӕнгасӕй адӕмтыл ризӕг бахӕцыд; ныппырх сты ӕнусон къӕдзӕхтӕ, рагон къуылдымтӕ зӕххимӕ сиу сты; Йӕ фӕндӕгтӕ — ӕнусон.


О Дунедарӕг! Ау, Дӕ маст цӕугӕдӕттӕм ссыгъди? Ӕви Дын денджызмӕ рафыхти? Дугъы куы уайыс Дӕ бӕхтыл, уӕлахизгӕнӕг тохуӕрдӕттыл!


Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan