Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 11:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 «Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц, ӕнӕбонтӕ дзыназынц, — ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый фервӕзын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

6 «Мӕгуыртӕ удхар кӕнынц, ӕнӕбонтӕ дзыназынц, — ныр Ӕз сӕ фарс рахӕцдзынӕн, йӕ фӕдыл кӕмӕн зилынц, уый фервӕзын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 11:6
25 Iomraidhean Croise  

Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй ӕркалдта судзгӕ сондон


Йосеф сӕм йӕ фынгӕй ӕрвыста хӕйттӕ, ӕмӕ иннӕты хӕйттӕй Бениамины хай уыди фондз хатты стырдӕр. Ӕфсымӕртӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Йосефимӕ.


Разӕй йӕм фыдбылыз ӕнхъӕлмӕ кӕсы, йӕ фӕндагыл къӕппӕг цӕттӕйӕ лӕууы.


Арт ссудздзӕни йӕ дзӕгъӕл цатыры, йӕ хӕдзарыл судзгӕ сондон ныккӕлдзӕни.


Бухъхъ цардӕй цӕрдзӕн, афтӕ йӕ Хуыцауы азар баййафдзӕн, ихуарӕгау ыл ныккӕлдзӕн.


Фӕлӕ та адӕм Меривайы доны цур Хуыцауы зӕрдӕхудты бацыдысты, уыдоны тыххӕй Моисей ӕфхӕрд баййӕфта:


Фидар къахдзӕфтӕй цӕуын Дӕ фӕндӕгтыл, Дӕ фӕдыл цӕуын ӕмӕ нӕ цудын.


Чи уыны йӕ рӕдыдтытӕ? Ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтон, уыдонӕй мӕ ссыгъдӕг кӕн!


Дунедарӕг фехалы адӕмты уынаффӕтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ӕрбайсафы.


Ды дӕ тасӕфтауӕг Хуыцау. Дӕ масты цӕфӕн чи бафӕраздзӕн?


Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг, слӕуу дӕ къӕхтыл! Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн. Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ, фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ адӕмы Мастисӕг: «Уӕ къухӕй уын фӕстӕмӕ исын Мӕ азар ӕмӕ Мӕ фыдӕхы нуазӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ уын ӕй нал дӕтдзынӕн.


Дӕ хал у уый, Ӕз дын ахӕм хъысмӕт снысан кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕй Мӕ ферох кодтай ӕмӕ дӕ зӕрдӕдарӕн мӕнгдзинад кӕй сси, уый тыххӕй.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕ фыр мӕстӕй уыл ныххуырсдзынӕн уаддым, тыгъдызӕй ӕмӕ их дуртӕ, ӕмӕ уӕ бабын кӕндзынӕн.


Ӕз ӕй бафхӕрдзынӕн емынӕйӕ ӕмӕ тугныккалдӕй. Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йе ’рдонгтыл дӕр, стӕй ма ноджыдӕр — йемӕ чи рацыд, йӕ уыцы бирӕ адӕмтыл дӕр ныккалдзынӕн хъаймӕты тыгъдызӕй, их дуртӕ ӕмӕ судзгӕ сондон.


Уымӕй дӕхи не скадджын кӕндзынӕ, — фегад уыдзынӕ! Уӕдӕ ныр дӕхӕдӕг дӕр бануаз ӕмӕ дзой-дзой кӕн! Дунедарӕджы рахиз къухы цы кӕхц ис, уый дӕумӕ дӕр бахӕццӕ уыдзӕн, ӕмӕ худинаджы бын фӕуыдзынӕ!


Фӕлӕ Лот Содомӕй куы рацыди, уыцы бон арвӕй цӕхӕр сондонимӕ фемӕхсти ӕмӕ се ’ппӕты дӕр бабын кодта.


Фӕлӕ Йесо загъта Петрӕн: «Нывӕр дӕ кард кӕрддзӕмы. Ау, Мӕ Фыд Мын цы хъизӕмӕртты кӕхц ӕрцӕттӕ кодта, уый хъуамӕ ма бануазон?»


Елкана-иу нывонд куы ’рхаста, уӕд-иу дзы хӕйттӕ бакодта йӕ бинойнаг Пениннӕйӕн ӕмӕ Пениннӕйы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр.


Самуел хӕринаггӕнӕгӕн загъта: «Цы хай дӕм радтон, бафснай йӕ, зӕгъгӕ, уый-ма рахӕсс».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan