Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 11:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ; ныллӕг хъӕлӕсӕй. Давиды псалом.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ; ныллӕг хъӕлӕсӕй. Давиды псалом.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 11:1
21 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скуывта: «О Дунедарӕг! Дӕу йеддӕмӕ чи баххуыс кӕндзӕн ӕдыхӕн, цӕмӕй хъомысджыны ныхмӕ фӕлӕууа! О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Баххуыс нын кӕн уӕдӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм, Дӕ номы сӕраппонд рацыдыстӕм ацы стыр ӕфсады ныхмӕ. О Дунедарӕг! Ды нӕ Хуыцау дӕ! Адӕймаджы Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын ма бауадз!»


Эфиопӕгтӕ ӕмӕ ливиӕгтӕ сӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ сӕ бӕхӕфсадимӕ адонӕй бирӕ фылдӕр нӕ уыдысты, ӕви? Фӕлӕ дын сӕ Дунедарӕг дӕ къухмӕ радта, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Ууыл.


Ӕз загътон, мӕ хуызӕн адӕймагӕн, зӕгъын, лидзын кӕм фидауы? Удӕгасӕй баззайыны охыл мӕ хуызӕн адӕймагӕн Кувӕндоны бамбӕхсын кӕм ӕмбӕлы? Нӕ, зӕгъын, бацӕудзынӕн.


Давиды куывд. Дунедарӕг, мӕ раст уд Де уазӕг, фехъус мын мӕ дзыназын! Мӕ куывд мын айс — сайгӕ куы нӕ кӕны ме ’взаг!


О Дунедарӕг, бафӕлвар мӕ, мӕ зӕрдӕйы сусӕгтӕ мын басгар!


Дӕ хорзӕх хӕццӕ кӕны уӕлӕрвтӕм, Дӕ иузӕрдиондзинад — ӕврӕгъты онг!


Давиды шигаййон (ӕнкъард зарӕг) Дунедарӕгӕн, Куш ӕй, Бениамины мыггагӕй иу, азымы куы бадардта, уӕд.


О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн, ӕмӕ мӕ бахиз, мӕ фӕдыл зилджытӕй мӕ фервӕзын кӕн!


Ӕфхӕрд лӕгӕн Дунедарӕг уыдзӕни ӕмбӕхсӕн, фыдбылызы заман ӕй бахиздзӕн.


сычъийау дӕхи ратон сурджытӕй, маргъау къӕппӕгӕй ратӕх.


Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: «Мах тыхджын стӕм, хӕсты быдыры — ӕхсарджын!»


Уыцы рӕстӕг Ӕм фарисейтӕй чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Дӕхи ардыгӕй ӕндӕр ранмӕ айс, уымӕн ӕмӕ Дӕ Ирод амарынмӕ хъавы».


Саул йӕ чапарты арвыста Давиды хӕдзармӕ, цӕмӕй уым йӕ размӕ бабадой ӕмӕ йӕ райсомӕй амарой. Фӕлӕ Давидӕн йӕ ус Мелхолӕ загъта: «Ахсӕв дӕ сӕр куынӕ бафснайай, уӕд дӕ райсом амардзысты».


Ноджы йӕм ныхъхъӕр кодта: «Рӕвдздӕр! Ма фӕстиат кӕн!» Лӕппу фӕттӕ систа ӕмӕ йӕ хицаумӕ ӕрбаздӕхти.


Уырдыгӕй Давид ацыди моаваг сахар Мицпамӕ ӕмӕ Моавы паддзахӕн загъта: «Мӕ мад ӕмӕ уал мӕ фыд сымахмӕ фӕуӕнт, цалынмӕ, Хуыцау мын цы сныв кодта, уый базонон, уӕдмӕ».


Давид йӕхи бааууон кодта ӕдзӕрӕг быдыры. Царди Иудейы хӕхты, Зифы хохрӕбын ӕдзӕрӕг быдыры. Иудадзыг Саул йӕ фӕдыл зылди, фӕлӕ йын ӕй Хуыцау йӕ къухтӕм нӕ лӕвӕрдта.


Давид йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Искуы Саулы къухӕй сӕфдзынӕн, ӕмӕ мын филистимӕгты бӕстӕм алидзынӕй хуыздӕр амал нӕй. Уӕд йӕ ныфс асӕтдзӕни Саулӕн ӕмӕ мӕ нал агурдзӕн Израилы алы къуымты, ӕмӕ дзы афтӕмӕй фервӕздзынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan