Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 106:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уымӕн ӕмӕ Уый дойныгӕнӕг удтӕн суагъта сӕ дойны, хӕрзтӕй бафсӕста ӕххормӕгты зӕрдӕтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

9 Уымӕн ӕмӕ Уый дойныгӕнӕг удтӕн суагъта сӕ дойны, хӕрзтӕй бафсӕста ӕххормӕгты зӕрдӕтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 106:9
16 Iomraidhean Croise  

Нӕ фыдӕлты раз денджыз фӕцӕуын кодтай дыууӕрдӕм, ӕмӕ денджызы астӕу ацыдысты, сурзӕххау, чи сӕ сырдта, уыдоны та, дур хуыдыммӕ ныппарӕгау, денджызы арфмӕ нывзылдтай.


Мӕ дзыхӕй рацӕугӕ ныхӕстӕ, мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ, ӕхсызгон уӕнт Дӕуӕн, Дунедарӕг! Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ ирвӕзынгӕнӕг.


О Хуыцау, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!


Мах та — Дӕ адӕм, Дӕ фысты дзуг — кад Дын кӕндзыстӕм ӕнустӕм, стаудзыстӕм Дӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ!


Куы уӕм-иу ӕрцыдтӕн, уӕд-иу уӕ Мӕ размӕ куыд ничи рацыд? Куы уӕм-иу бадзырдтон, уӕд-иу Мын дзуапдӕттӕг куыд ничи фӕцис? Сымах ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Мӕ къух фӕцыбыр ис, Ӕз сӕдых дӕн ӕмӕ сымах фервӕзын кӕнынхъом нал дӕн. Фӕлӕ Ӕз Ме ’ртхъирӕнӕй басур кӕнын денджыз, цӕугӕдӕттӕ фестын кӕнын сыгъд быдыр, ӕмӕ сӕ кӕсӕгтӕ бамбийынц ӕнӕ донӕй, дойныйӕ ныххӕдмӕл вӕййынц.


Басур кодтай денджыз, йӕ бынты йын, йе ’рфыты, айгӕрстай фӕндаг, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмӕн.


Денджызмӕ куы бартхъирӕн кӕна, уӕд бахус уыдзӕн, цӕугӕдӕттӕ байсысдзысты, Башан ӕмӕ Кармелы сӕрвӕттӕ бахус уыдзысты, баруайдзӕн Ливаны рӕсугъддзинад.


Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan