Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 104:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Фӕлӕ сӕ Уый никӕмӕн уагъта ӕфхӕрын, паддзӕхтӕн-иу бардзырд радта:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

14 Фӕлӕ сӕ Уый никӕмӕн уагъта ӕфхӕрын, паддзӕхтӕн-иу бардзырд радта:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 104:14
18 Iomraidhean Croise  

уӕд зӕххыл нӕма уыди нӕдӕр къудзи, нӕдӕр зайӕгхал, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕхмӕ доны ’ртах нӕма ӕруагъта, зӕххыл кусынмӕ адӕймаг дӕр нӕма уыд,


Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта, йӕ уынд зӕрдӕмӕдзӕугӕ, йӕ дыргъ та хӕрынӕн бӕзгӕ кӕмӕн у, алы ахӕм бӕлӕстӕ, дыргъдоны астӕу — царды бӕлас, стӕй хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕлас.


Хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ сындзытӕ дын ӕрзайын кӕндзӕн зӕхх. Сӕтдзынӕ де стонг быдыры кӕрдӕгӕй.


Кусдзынӕ йыл, фӕлӕ дзы бӕркадджын тыллӕг нал райсдзынӕ. Ӕнӕкъона, хӕтӕнхуагӕй ӕрвитдзынӕ дӕ цард».


Цӕрӕгойы мыггагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон уын дӕттын хӕрынӕн, айразмӕ уын алы зайӕгхал куыд радтон, афтӕ.


Ӕмӕ Ахав Овадиайӕн загъта: «Нӕ бӕстӕйы суадӕттӕ ӕмӕ къададӕттыл ӕрзилӕм, кӕд сӕ рӕбынты искуы кӕрдӕджы хал разынид ӕмӕ нӕ бӕхтӕ ӕмӕ нӕ хӕргӕфсыты фервӕзын кӕниккам, нӕ фосӕй дӕр нӕ ӕргӕвдын кӕд ницы бахъӕуид».


Хор цы зӕххыл ӕрзайы, уымӕн цыма йӕ арф арты батайын кодтой.


ӕвӕд ӕрнӕджытӕ донӕй ӕфсадой, ӕмӕ зайӕгхӕлттӕ сырӕзой зӕххыл.


Кӕрдӕг бахус, фӕлӕ та мӕнӕ цъӕхӕй сзынди, хӕххон уыгӕрдӕнтӕ карст ӕрцыдысты;


Ма тӕрсут, цӕрӕгойтӕ — тыгъд быдыры сӕрвӕтты ногӕй кӕрдӕг ӕрзайдзӕнис, бӕлӕстыл дыргътӕ фӕзындзысты, легъуитӕ ӕмӕ сӕнӕфсиртӕ дыргъӕй нал зындзысты.


Уӕдӕ тауӕгӕй дӕр ӕмӕ донуадзӕгӕй дӕр ницы аразгӕ у — ӕппӕт дӕр аразгӕ у хордӕттӕг Хуыцауӕй.


Ӕз уын уӕ быдырты уӕ фосӕн кӕрдӕг ӕрзайын кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕххормаг никуы уыдзыстут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan