Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 103:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Арфӕ ракӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн! Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, стыр дӕ Ды! Кад ӕмӕ стырад — Дӕ фӕлыст.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Арфӕ ракӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн! Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, стыр дӕ Ды! Кад ӕмӕ стырад — Дӕ фӕлыст.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 103:1
19 Iomraidhean Croise  

Хур куы скӕса, уӕд сӕхи айсдзысты, схуысдзысты сӕ хуыккомы.


Сыстаут Дунедарӕджы, арут Ын Йӕ ном, адӕмты ’хсӕн Ын хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ.


Алелуйа! Тӕхудиаг у, Дунедарӕгӕн аргъуыц чи кӕны, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕхцон кӕмӕн сты.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Ды бафӕлвӕрдтай, Дунедарӕг, мӕн ӕмӕ мӕ зоныс.


Алелуйа! Ӕппӕл, мӕ уд, Дунедарӕгӕй!


Ризӕг сыл бахӕцыди, скатай сты арӕг сылгоймагау,


цӕмӕй сусӕгӕй ӕнаххосы фехсой. Ӕваст ӕй фехсдзысты — нӕ тӕрсынц.


Базонут: Дунедарӕг у Хуыцау. Уый нӕ рафӕлдыста, Уый стӕм — Йӕ фысты дзуг, Йӕ адӕм.


Кӕрӕдзимӕ хъӕр кодтой: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг уаз у! Ӕгас зӕхх — йемыдзаг Йӕ кадӕй!»


Хуыцау у Уд, ӕмӕ Йӕм чи кувы, уыдон Ӕм хъуамӕ кувой Удӕй разӕнгардӕй ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ».


Уӕдӕ цы бакӕнон? Кувдзынӕн удӕй, кувдзынӕн зондӕй дӕр, зардзынӕн удӕй, зардзынӕн зондӕй дӕр.


Ӕз кувын, цӕмӕй рӕза уӕ уарзондзинад, уӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной ӕмӕ уӕм уа арф ӕмбарынад,


Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.


Цыппар уӕларвон удгоймагӕй алкӕмӕн дӕр уыди фӕйнӕ ӕхсӕз базыры; алырдыгӕй дӕр ӕмӕ сӕ базырты бын дӕр уыди бирӕ цӕстытӕ. Уыдон ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕрынцайгӕйӕ дзурынц: Уаз у, уаз у, уаз у Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, «Чи уыд, Чи ис ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan