Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 102:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Арфӕ кӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн, ма Йын рох кӕн Йӕ бирӕ хорзӕхтӕ:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

2 Арфӕ кӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн, ма Йын рох кӕн Йӕ бирӕ хорзӕхтӕ:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 102:2
21 Iomraidhean Croise  

Хъусӕй куы лӕууа, уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн? Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса, уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн? Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы,


Цӕуылнӕ мын ныббарыс мӕ азым, цӕуылнӕ мын ныххатыр кӕныс мӕ тӕригъӕд? Ӕз рӕхджы фӕдӕлсыджыт уыдзынӕн, агурдзынӕ ма мӕ, фӕлӕ — ницы!»


Сӕ дон сын фестын кодта туг, сӕ кӕсӕгтӕ сын амардта.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Ӕнӕзонд йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Хуыцау нӕй!» Фехӕлдысты адӕм, ӕлгъаг митӕ кӕнынц, хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.


Бӕрзондӕй ӕрдар Дӕ къух ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн хуыдымӕй, байс мӕ ӕцӕгӕлӕтты къухтӕй!


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Дунедарӕджы цагъар Давиды зарӕг Дунедарӕгыл. Скодта йӕ, Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд.


О Хуыцау, фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, арфӕ ракӕн Дӕ исбонӕн, хиз ӕмӕ сӕ хъахъхъӕн мыггагмӕ.


Тӕхудиаг у, Дунедарӕг йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн нӕ банымайдзӕн, йӕ зӕрдӕйы мӕнгарддзинад кӕмӕн нӕй!


Мӕн та Ды бахиздзынӕ фыдбылызӕй, мыггагмӕ Дӕ разы куыд уон, афтӕ.


Дунедарӕг, Ды — мӕ хъахъхъӕнӕг, ӕмӕ ӕз никуы фегад уыдзынӕн.


Уадз ӕмӕ раст тӕрхон кӕна Дӕ адӕмӕн, уадз ӕмӕ раст ӕвзара мӕгуырты хъаст.


Рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Мысыры паддзах амарди. Израилӕгтӕ сӕ уӕззау куыстӕй ӕнцой нӕ зыдтой, ӕрдиаг кодтой, ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сӕ хъӕрзын Хуыцаумӕ фехъуысти.


Фехъуыста сын Хуыцау сӕ хъӕрзын, ӕмӕ ӕрлӕууыд Йӕ зӕрдыл Йӕ фидыд Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ.


Доны сӕрты ахизын уӕ куы хъӕуа, уӕд уыдзынӕн уемӕ, цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизат, уӕд нӕ фӕдӕлдон уыдзыстут. Арты сӕрты хизгӕйӕ, уӕхи басудздзыстут ӕмӕ уӕ арт нӕ ацараудзӕн.


Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.


Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта Йаковы байзӕддагӕй, фӕлӕ ӕз уӕддӕр Дунедарӕгӕй ныфсджын уыдзынӕн, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.


Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм хуымӕтӕг фӕлварӕны. Хуыцау иузӕрдион у ӕмӕ, кӕмӕн нӕ бафӕразат, ахӕм фӕлварӕн уыл не ’руадздзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ ма уын алы фӕлварӕны ӕххуыс дӕр бакӕндзӕн, фӕндаг дӕр уын бацамондзӕн ӕмӕ уын хъару дӕр ратдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan