Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Псаломтӕ 1:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зонды фӕдыл чи нӕ цӕуы, тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы, фыддзыхтимӕ чи нӕ бады.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac

Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зонды фӕдыл чи нӕ цӕуы, тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы, фыддзыхтимӕ чи нӕ бады.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Псаломтӕ 1:1
52 Iomraidhean Croise  

Нӕ уыдзынӕн ӕз уыдонимӕ ’мдзӕхдон, се ’мбырдмӕ нӕ бавӕрдзынӕн къах, — куы смӕсты вӕййынц — адӕмы цӕгъдынц, сӕ хъалӕй уыдон галтӕн сӕ счъилы нуӕрттӕ адзӕнгӕл кӕнынц!


Фӕцарди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй, стӕй зӕххыл нал уыди — Хуыцау Йӕхимӕ айста Енохы.


Наваты фырт Йоровамы тӕригъӕдджын митӕ кӕй фӕзмыдта, уый йын ӕгъгъӕд нӕ уыди, фӕлӕ ма ракуырдта сидойнӕгты паддзах Етбаалы чызг Иезавелы ӕмӕ кувын байдыдта Баалӕн.


Ахазиа дӕр Ахавы мыггаджы фӕндагыл цыди, уымӕн ӕмӕ йын уынаффӕгӕнӕг уыдис йӕ мад, ӕнӕхуыцау митыл ӕй ардыдта.


Хорз Дӕм кӕсы Де сконд адӕймаджы ’фхӕрын ӕмӕ йыл Дӕхи тигъ кӕнын, ӕнаккӕгтыл та аудын?


Уӕддӕр сӕ къухы ис сӕ исбон, фӕлӕ ме ’нӕуынон фӕуӕнт ӕнаккӕгты фӕндтӕ!


Кӕд, мыййаг, галиу митыл фӕцалх дӕн, кӕд мӕ къӕхтӕ мӕнгдзинады фӕдыл цыдысты,


Уымӕн ӕмӕ рӕстудты фӕндагмӕ Дунедарӕг Йӕ цӕст дары, фыдгӕнджыты фӕндаг та сӕфтмӕ кӕны.


алы бӕстӕтӕй — скӕсӕнӕй, ныгуылӕнӕй, цӕгатӕй ӕмӕ хуссарӕй — кӕй ӕрӕмбырд кодта, уыцы адӕм.


Алелуйа! Ӕппӕлут Дунедарӕгӕй, Йӕ цагъартӕ, Дунедарӕджы номӕй ӕппӕлут.


Алкӕмӕн дӕр йӕ каст Дӕумӕ у, алкӕмӕн дӕр йӕ афоныл хойраг раттыс.


Стыр у Дунедарӕг, ӕмӕ стыр у Йӕ хъомыс, ӕгӕрон у Йӕ зонд.


Уый дӕтты хӕринаг цӕрӕгойтӕн ӕмӕ халоны ӕххормаг цъиутӕн.


Кадджын Ӕй кӕнут сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цӕмӕй уӕм ма смӕсты уа, ӕмӕ фыдвӕндаг ма фӕуат! Уайтагъд рафыцдзӕни Йӕ маст! Тӕхудиаг сты, йӕхи Йыл чи бафӕдзӕхста, уыдон!


Ме знӕгты амӕттаг мӕ ма фӕкӕн! Мӕнгӕвдисӕнтӕ ралӕууыдысты мӕ ныхмӕ, фыр мӕстӕй цъӕх арт уадзынц.


Ӕнӕнхъӕлӕджы се сӕфт ӕрцӕуӕд, сӕ ахсӕн хызы бахауӕнт сӕхӕдӕг ӕмӕ се сӕфт ссарӕнт!


Дунедарӕгмӕ удӕнцой агур, ӕмӕ дын Уый сӕххӕст кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ.


Хуыцау! Кады аккаг Ды дӕ Сионыл, нӕ сомытӕ сӕххӕст кӕндзыстӕм Дӕ разы.


Иузӕрдиондзинад тау суадздзӕни зӕххӕй, ӕмӕ рӕстад ӕркӕсдзӕни уӕларвӕй.


Мӕ лӕппу, ма-иу ацу семӕ, дӕхи хиз сӕ фӕндагӕй,


«Ницыфенджытӕ! Кӕдмӕ цӕрдзыстут ницы зонгӕйӕ? Ӕдзӕсгӕмттӕ! Уӕ къӕйных митӕй уӕ мондӕгтӕ кӕдмӕ исдзыстут? Ӕдылытӕ! Зонынад уын ӕнӕуынон кӕдмӕ уыдзӕн?


Куырыхоны зондамынд — царды гуырӕн, мӕлӕты къӕппӕгӕй дӕ фервӕзын кӕндзӕн.


Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.


Ӕдзӕсгом ӕнӕ тӕрхонӕй нӕ баззайдзӕн, ӕдылыйы рагъ та — ӕнӕ надӕй.


Уӕлзонд-иу дӕ фервӕзын кӕндзӕн галиу фӕндӕгтӕй ӕмӕ сайӕгойтӕй;


Искӕуыл чи худы, ууыл Хуыцау фӕхуддзӕн, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты.


ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.


Кӕд куырыхон дӕ, уӕд дын дӕ уӕлзонд пайда хӕссы, кӕд ӕдзӕсгом, уӕд та дӕхӕдӕг фыдӕбон бавзардзынӕ.


Хынджылӕг чи кӕны, уыдоны ’хсӕн нӕ бадтӕн, мӕ рӕстӕг циндзинӕдты не ’рвыстон. Ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух, ӕмӕ иунӕгӕй бадтӕн, мастӕй мӕ кӕй байдзаг кодтай, уый тыххӕй.


Йӕ ныфс Дунедарӕг кӕмӕн у ӕмӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый арфӕгонду!


Сӕ фырттӕн сын ӕдзӕрӕг быдыры дзырдтон: уӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ ма цӕрут, сӕ уагӕвӕрдтӕ сын ма ӕххӕст кӕнут, уӕхи ма фӕчъизи кӕнут уыдоны хуыцаугӕндтӕй.


Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд.


Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».


иудейаг сахар Аримафейы цӕрӕг, ӕнхъӕлмӕ касти Хуыцауы Паддзахадмӕ. Уый разы нӕ уыди, синедрион цы уынаффӕ рахаста ӕмӕ цы сарӕзта, уыимӕ.


Кӕд уый зонут, уӕд тӕхудиаг уыдзыстут, сымах дӕр афтӕ куы кӕнат, уӕд.


Йесо йын загъта: «Ды баууӕндыдтӕ, уымӕн ӕмӕ Мӕ федтай. Тӕхудиаг сты, Мӕн чи нӕ федта, афтӕмӕй чи баууӕндыди, уыдон».


Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы кадӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал ис кӕрон.


Уый тыххӕй уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, цӕмӕй, фыдӕвзарӕн бон куы ралӕууа, уӕд уӕм ныхмӕ ӕрлӕууыны хъару разына, ӕппӕтыл дӕр фӕуӕлахиз уат ӕмӕ ма фӕцудат.


Сынӕр чи цӕгъды, уыцы саджилсӕфтӕг фосӕй дын алкӕй фыд дӕр хӕрыны бар ис.


Тӕхудиаг дӕ ды, Израил! Кӕм ис сымахӕн ӕмбал, Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ уарт ӕмӕ йӕ кады кард кӕмӕн у, уыцы адӕм? Сымахӕн уе знӕгтӕ ӕрныллӕг уыдзысты уӕ разы, сымах та сын сӕ фӕсонтыл къахӕй лӕудзыстут».


Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, ивгъуыд заман муртаттӕгты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цы фӕцардыстут, уый — уыдыстут хӕлд адӕм, чъизи монцтӕ, фыднозт ӕмӕ ӕнӕуаг миты уацайрӕгтӕ, куывтат ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн.


Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон тӕхудиаг сты — уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ кулдуарыл бацӕуыны бар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan