Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 9:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Фехӕлдысты бынтондӕр, раст Гевӕйы куыд уыд, афтӕ. Хуыцау сын се ’нӕхуыцау митӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 9:9
16 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ бынмӕ! Сӕнӕуаг сты дӕ адӕм — Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон.


Зӕхх фегад кодтой йӕ цӕрджытӕ, сӕ къух систой Хуыцауы ӕгъдауыл, сзыгъуыммӕ Йын кодтой Йӕ уагӕвӕрдтӕ, фехӕлдтой мыггагмӕйы фидыд.


Израилы байзӕддӕгтӕ, уе ’ргом раздахут, афтӕ тынг Кӕмӕй адард стут, Уымӕ!


Дунедарӕг ацы адӕмы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Уыдон уарзынц лекка кӕнын, бауромӕн сын нал ис, ӕмӕ сын Дунедарӕг хӕрзаудӕн нал кӕны; сӕ фыдракӕндтӕ сын ӕрымысдзӕн ныр, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн».


Адӕймаджы фырт, пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ фехъусын кӕн: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы аммонӕгты ӕмӕ сӕ фидисты тыххӕй: кард йӕ кӕрддзӕмӕй ласт ӕрцыди марынӕн, арвӕрттывдау цӕхӕртӕ калынӕн.


Гевӕйы заман цы тӕригъӕд ракодтай, уымӕй ныр стырдӕр тӕригъӕды бацыдтӕ, Израил! Фервӕзтысты уым, ӕнӕхуыцӕутты ныхмӕ хӕст куы цыди, уӕд баззадысты ӕвыдӕй.


Адӕммӕ цы кӕса, сауджынмӕ дӕр — уый. Алкӕй дӕр йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзынӕн, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Сыкъауадындзӕй ныууасут Гевӕйы, хӕтӕлӕй — Рамайы, ныффӕдис кӕнут Бет-Авены: «Дӕ фӕдыл, Бениамин!»


Уыдонӕн сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ рох кӕй не сты, уый. Сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ алыварс ӕртыхстысты, нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй!


Нывӕндтӕ мын ӕрхӕссынц ӕмӕ сын сӕ дзидза хӕрынц, фӕлӕ сын сӕ Дунедарӕг нӕ айсы. Уый сын ӕрхъуыды кӕндзӕн сӕ тӕригъӕдтӕ, бафхӕрдзӕн сӕ, ӕмӕ Мысырмӕ раздӕхдзысты.


Мӕ Хуыцауы пехуымпар Ефремӕн у йӕ хъахъхъӕнӕг, фӕлӕ йӕ алы фӕндагыл дӕр — ахсӕн хызтӕ, йӕ Хуыцауы хӕдзары — ӕнӕуынондзинад.


Ӕз хъуыды кодтон: ацы сахары цӕрджытӕ Мӕ тӕрсдзысты, Мӕ зондамынд Мын сӕ зӕрдӕтӕм айсдзысты, ӕмӕ сын уӕд сӕ цӕрӕнбынат нӕ фесафдзынӕн, Мӕ азар сӕ нӕ баййафдзӕн. Фӕлӕ уӕ хъуыддӕгтӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой.


Йӕ хицау ын загъта: «Нӕ, мах ӕцӕгӕлӕттӕм, Израилы адӕмӕй чи нӕу, уыдонмӕ нӕ бацӕудзыстӕм. Гевӕйы сахармӕ ацӕуӕм».


Уыцы рӕстӕг быдырӕй фӕскуыст иу зӕронд лӕг сцӕйцыди. Уый царди Гевӕйы, фӕлӕ йӕхӕдӕг уыди Ефремы хӕхтӕй рацӕугӕ, Гевӕйы сахары та цардысты Бениамины фӕдонтӕ.


Уазджытӕ сӕ фӕллад уагътой. Уалынмӕ сахары цӕрджытӕ, хъахбай адӕм, хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ дуар батоныныл архайдтой. Уыдон зӕронд лӕгӕй, хӕдзары хицауӕй, домдтой, цӕмӕй сӕм йӕ уазӕджы ракӕна, ӕмӕ йын батых кӕной.


Бениамины фӕдонтыл ӕртыхстысты ӕмӕ сӕ суанг ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Гевӕйы скӕсӕнварсмӕ, фӕсырдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan