Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 9:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Фыдбылызӕй куы аирвӕзат, уӕд уӕ Мысыр суазӕг кӕндзӕн, Мемфис та уӕ ингӕны хай бакӕндзӕн. Уе ’взист дзауматӕ пысырайы бын фӕуыдзысты, уӕ цӕрӕнтӕ какон сындзӕй нал зындзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 9:6
32 Iomraidhean Croise  

Йоахазмӕ ма ӕдӕппӕтӕй баззади дӕс хӕстон уӕрдоны, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз уӕрдонджыны, стӕй дӕс мин фистӕг хӕстоны, уымӕн ӕмӕ сӕ Арамы паддзах ныддӕрӕн кодта.


Йӕ зӕхх какон сындзытӕй байдзаг, хӕмпӕлгӕрдӕджы бын фӕцис, дурӕй амад гӕрӕн ныккалди.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.


Сӕ зонд фӕцыди Цоаны барджынтӕн! Сӕхи сайынц Нофы барджынтӕ дӕр. Сӕ хистӕрты зондӕй Мысыры адӕм рӕдыд фӕндагыл адзӕгъӕл сты.


Израилӕгтӕ, ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Дунедарӕг ӕфсиртӕ иууылдӕр банай кӕндзӕн, Евфраты донӕй Мысыры арӕныл цы цӕугӕдон ис, уый онг ӕмӕ уӕ иугай ӕрӕмбырд кӕндзӕн.


Кӕут Мӕ адӕмы хуымтыл: каконтӕ ӕмӕ сындзыты бын фӕуыдзысты. Кӕут, уымӕн ӕмӕ хӕдзӕртты бамыр уыдзӕни цин, сахары мидӕг хъӕлдзӕгӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн.


Каконтӕ, сындзкъутӕр ӕмӕ ичъийы бын фӕуыдзысты сӕ галуантӕ, сӕ фидӕрттӕ. Фестдзысты мӕрдтыбирӕгъты цӕрӕнтӕ, страусты бадӕнтӕ.


Ныззаууат уыдзӕни, налдӕр ӕй ӕхсӕдгӕ кӕндзысты, налдӕр ын йӕ зӕхмӕ зилдзысты. Каконтӕ ӕмӕ сындзыты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕни. Ӕз бардзырд ратдзынӕн мигътӕн, къӕвда йыл мауал ӕруадзут, зӕгъгӕ».


Фӕлӕ мингай сӕнӕфсиры талатӕ цы бынӕтты рӕзыд — алы тала дӕр — ӕвзисты къӕртты аргъ — уым уыцы заман ӕрзайдзӕни какон сындзытӕ ӕмӕ бӕхгӕрдӕг.


Ноф ӕмӕ Тахпанхесы цӕрджытӕ дын ныппырх кодтой дӕ сӕр!


Иудейӕгтӕй мысыраг сахартӕ Мигдол, Тахпанхес, Ноф ӕмӕ Патросы чи ’рцарди, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны иууылдӕр фесафдзынӕн. Се ’ппӕт дӕр Мысыры амӕлдзысты, кард ӕмӕ стонгӕй се сӕфт ссардзысты, стырӕй, чысылӕй. Адӕмтӕ сӕ ӕлгъитдзысты, сӕ уындӕй сӕ стыр тасы ӕфтаудзысты, сӕгад уыдзысты, ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.


Йерусалимы сахар куыд бафхӕрдтон, афтӕ, Мысыры зӕххыл чи ’рцарди, уыцы иудейӕгты дӕр кард, стонг ӕмӕ рынӕй бафхӕрдзынӕн.


Радзурут Мысыр ӕмӕ Мигдолы, Ноф ӕмӕ Тахпанхесы расидут: «Сыстут, ӕрцӕттӕ кӕнут уӕхи: уӕ алыварс кард алцы ныхъуыры!»


Мысыры чызг, ӕрӕмбырд кӕн дӕ дзаумӕттӕ, дӕхи ӕрцӕттӕ кӕн ӕндӕр бӕстӕм лидзынмӕ! Ныддӕрӕн ӕмӕ сафтид уыдзӕн Ноф, цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз ныппырх кӕндзынӕн Мысыры гуымирытӕ, кӕрон скӕндзынӕн Нофы мӕнгхуыцӕуттӕн. Мысыры бӕстӕйы нал сӕнтысдзӕни барджын ӕлдар, йӕ адӕмыл та йын ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн.


Мысырыл арт бандзардзынӕн, Сины фидар нынкъуысдзӕн, Нойы сахар ныппырх уыдзӕн, Нофы сахармӕ та боныгон бабырсдзысты фыдгултӕ.


Израилӕгты тӕригъӕдӕн ӕвдисӕн цы уаз къуыппытӕ сты, уыдон ӕрцӕудзысты дӕрӕнгонд, какон сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты сӕ нывондхӕссӕнтӕ. Хӕхтӕм дзурдзысты: «Ӕрӕмбӕрзут нӕ!», къуыбыртӕм: «Ӕркӕлут ныл!»


Ӕрбатӕхдзысты йӕм мӕргътау Мысырӕй, бӕлӕттау — Ассирийӕ, ӕмӕ сӕ Ӕз сӕ хӕдзӕртты ӕрцӕрын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Йӕ развӕндаг ын Ӕз сындз къутӕр фестын кӕндзынӕн, йӕ алыварс ын самайдзынӕн быру, ӕмӕ йӕ фӕндаг ныссуйтӕ уыдзӕн.


Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы.


Додой сӕ къона, кӕй Мӕ ныууагътой, уый тыххӕй! Мӕ ныхмӕ кӕй сыстадысты, уый аххосӕй бабын уыдзысты! Ӕз-иу сӕ фервӕзын кодтон, уыдон та Мӕн тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой!


Се ’ргом здахынц, фӕлӕ Иууылбӕрзондмӕ нӕ! Чи ныззылын ӕмӕ йӕ мысаныл чи нӕ сӕмбӕлы, ахӕм фаты хуызӕн систы. Сӕ къӕйных ныхӕсты тыххӕй се ’лдӕрттӕ карды амӕттаг бауыдзысты, ӕмӕ сыл мысырӕгтӕ сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты.


Нывӕндтӕ мын ӕрхӕссынц ӕмӕ сын сӕ дзидза хӕрынц, фӕлӕ сын сӕ Дунедарӕг нӕ айсы. Уый сын ӕрхъуыды кӕндзӕн сӕ тӕригъӕдтӕ, бафхӕрдзӕн сӕ, ӕмӕ Мысырмӕ раздӕхдзысты.


Уыдон Дунедарӕджы зӕххыл нал цӕрдзысты. Ефрем раздӕхдзӕни Мысырмӕ, ӕмӕ Ассирийы чъизи хойраг хӕрдзысты.


Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты.


Кӕут, Махтешы цӕрджытӕ, уымӕн ӕмӕ сӕудӕджертӕ ӕмӕ уӕйгӕнджытӕ иууылдӕр бындзагъд фӕуыдзысты!


Израилӕгтӕ уыдтой сӕ уӕззау уавӕр, уынгӕджы фесты ӕмӕ сӕхи ӕмбӕхстой лӕгӕтты, цъассыты, къӕдзӕхты скъуыдты, зӕппӕдзты ӕмӕ донуӕтты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan