Осиа 9:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст4 Дунедарӕджы номыл нал ӕркалдзысты сӕн, сӕ нывӕндтӕ Йын нал уыдзысты ӕхцон, хӕрнӕджы хойрагау суыдзысты — чи дзы фӕхъӕстӕ уа, уый фӕчъизи уыдзӕн. Сӕ хойраг ӕрмӕст — сӕхи бафсадынӕн, Дунедарӕджы размӕ йын хӕссӕн нӕй. Faic an caibideil |
Сымах та иуӕрдыгӕй Мӕнӕн гал ӕргӕвдут, иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн адӕймаг-нывонд хӕссут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут, иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут, иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут, иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут. Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе ’лгъаг митӕй.