Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 9:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Фӕлӕ мус ӕмӕ сӕндуцӕн фыдӕнхъӕл фӕкӕндзысты адӕмы, ног сӕн сӕ фӕсайдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 9:2
12 Iomraidhean Croise  

Иорданы фале Горен-Атадмӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уым Йосефы фыдыл еххӕй фӕкуыдтой, фӕбогъ-богъ кодтой, фӕхъыг ыл кодтой авд боны.


Ӕз ын кӕрон скӕндзынӕн йӕ хъӕлдзӕгдзинӕдтӕн, мӕйногтӕ ӕмӕ сабӕттӕн — алы бӕрӕгбонӕн.


Ӕз ын сафтид кӕндзынӕн йӕ сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ йӕ легъуи бӕлӕстӕ, йӕ хӕзгулты лӕвӕрттӕ кӕй хуыдта, уыдон. Хъӕды пыхсбынтӕ сӕ фестын кӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ хъӕддаг сырдтӕ аныхъуырдзысты.


Уый тыххӕй Ӕз тыллӕг афон фӕстӕмӕ байсдзынӕн мӕ хор, куы сцӕттӕ уа, уӕд — Мӕ сӕн; фӕстӕмӕ байсдзынӕн Мӕ къуымбил ӕмӕ гӕн, йӕ бӕгънӕг буар кӕмӕй ӕрӕмбӕрзы, уыдон.


Сымах мӕгуырты ӕфхӕрут, гӕртамӕн сӕ исут хор. Афтӕ кӕй кӕнут, уый тыххӕй, уӕхицӕн лӕгъз дуртӕй хӕдзӕрттӕ куы самайат, уӕд дӕр дзы нӕ фӕцӕрдзыстут; диссаджы сӕндӕттӕ скӕндзыстут, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзыстут.


Бирӕ цӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕ кастыстут, фӕлӕ уӕ къухы чысыл йеддӕмӕ нӕ бафтыд. Уӕ хӕдзармӕ цы ’рбахастат, уый уын Ӕз дымгӕмӕ ныддардтон. Цӕмӕн? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Мӕ Хӕдзар заууатмӕ кӕй ӕрцыди, сымахӕй та алчидӕр ӕрмӕст йӕхи хӕдзары мӕт кӕй кӕны, уымӕн.


уӕд уӕ хъуыддӕгтӕ куыд цыдысты? Ссӕдз бӕрцуаты кӕм уыди, уыцы кӕримӕ-иу куы бацыдыстут, уӕд-иу дзы разынди дӕс; сӕндуцӕнмӕ-иу куы бацыдыстут, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз бӕрцуаты сӕн сӕвгӕнон, зӕгъгӕ, уӕд-иу дзы разынди ссӕдз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan