14 О, ратт сын, Дунедарӕг, — цы Дӕ ракурон ӕз уыдонӕн? — ӕнӕзӕнӕг сӕ скӕн, мады ӕхсыр ма фенӕд сӕ хъӕстӕ!
Сӕ богътӕ бауадзынц гуырдз, сӕ хъуццытӕн тас нӕу фефтауынӕй.
Нӕ-иу фефхӕлц уыдзысты уӕ сылгоймӕгтӕ, нӕ уын уыдзысты ӕнӕзӕнӕг. Уӕ царды бонтӕ уын баххӕст кӕндзынӕн.
Ефремӕн йӕ цотамонд атӕхдзӕни маргъау: сылгоймаг нал аргӕ ныккӕндзӕн, нал сывӕрджын бауыдзӕн ӕмӕ йӕм нал гуырдз фӕзындзӕн.
Фыццаг ӕй куы федтон, уӕд Ефрем уыди тыгъд быдыры сагъд бӕласау, фӕлӕ ныр йӕ зӕнӕджы марынмӕ ратдзӕни».
Афӕлдӕхтой Ефремы! Йӕ уидаг бахус, ӕмӕ дыргъ нал ратдзӕн. Цот ма куы рауадзой, уӕд дӕр сын Ӕз сӕ уарзон хъӕбулты мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн».
Додойаг уыдзысты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтӕ!
Мӕгуыры бон акӕндзӕни уыцы бонты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтыл!
Уӕд додойаг уыдзысты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтӕ! Стыр бӕллӕх ӕрцӕудзӕн ацы зӕххыл. Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн ацы адӕмы.
Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дзурдзысты: „Тӕхудиаг сты, сывӕллон чи нӕ ныййардта ӕмӕ йӕ риуы ’хсырӕй хъӕбул чи не схаста, уыцы ӕнӕзӕнӕг сылгоймӕгтӕ!“
Мӕ хъуыды ахӕм у: абоны зынтӕм гӕсгӕ адӕймагӕн хуыздӕр у, цы уавӕры ис, уыцы уавӕры баззайын.
Ӕлгъыст уыдзысты дӕ зӕнӕг ӕмӕ дӕ зӕххы тыллӕг, де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосы цӕуӕт.