Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 9:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Фыццаг ӕй куы федтон, уӕд Ефрем уыди тыгъд быдыры сагъд бӕласау, фӕлӕ ныр йӕ зӕнӕджы марынмӕ ратдзӕни».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 9:13
13 Iomraidhean Croise  

Тифсахы сахар Менахемӕн йӕ кулдуар кӕй нӕ байгом кодта, уый тыххӕй йын уый бакодта тынг ӕгъатыр ми. Тирцайы сахарӕй йӕм йе ’фсад ӕрбакодта ӕмӕ йын ныццагъта йӕ адӕмы, стӕй йӕ алфамбылайы цӕрджыты дӕр. Суанг сывӕрджын устытыл дӕр нӕ бацауӕрста, сӕ гуыбынтӕ сын акъӕртт кодта.


цыфӕнды бирӕ ма уӕд йӕ хъӕстӕ — кардылӕфтыд фӕуыдзысты, йӕ байзӕддӕгтӕ сыдӕй мӕлдзысты.


Ме ’ргом уӕ аздахдзынӕн, уе ’фсымӕрты, Ефремы байзӕддӕгты, Мӕхицӕй куыд аппӕрстон, афтӕ.


Мӕлӕт мидӕмӕ хизы нӕ рудзгуытӕй, бырсы нӕ галуантӕм; уынгты нын цӕгъды нӕ сабиты, фӕзты нын мары нӕ лӕппуты.


Цыма бӕрӕгбон ралӕууыди, уыйау Ды алырдыгӕй ӕрбахуыдтай бӕллӕхтӕ. О, Дунедарӕджы азары бон, иунӕг дӕр куы нӕ фервӕзт! Кӕй фӕхастон, кӕй фӕрӕвдыдтон, — ныццагътой се ’ппӕты дӕр знӕгтӕ!


Зӕгъ Тирӕн, денджызмӕ рацӕуӕнтӕ чи бацахста ӕмӕ денджызы был цы бӕстӕтӕ ис, уыдонимӕ сӕудӕджер чи кӕны, уымӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Тир! Ды дӕхи схуыдтай алӕмӕты рӕсугъд.


Уымӕ гӕсгӕ уӕ адӕм сызмӕнтдзысты, уӕ фидӕрттӕ иууылдӕр ныппырх уыдзысты, Шалман Бет-Арвел куы ныддӕрӕн кодта ӕмӕ мадӕлты сӕ цотимӕ куы мардтой, уӕд куыд уыдис, афтӕ.


Мӕхи-иу сыл ныццӕвдзынӕн, Йӕ лӕппынты кӕмӕн байсынц, уыцы мадӕл арсау, сӕ риутӕ сын рӕдувдзынӕн фӕйнӕрдӕм, ныхъуырдзынӕн сӕ мадӕл домбайау, хъӕддаг сырдтӕ сӕ аскъуындзысты.


Самари баййафдзӕнис ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ сыстади. Йӕ адӕм карды амӕттаг фӕуыдзысты, сӕ сабиты сын уӕнггай скӕндзысты, сывӕрджын сылгоймӕгтӕн сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты.


Афӕлдӕхтой Ефремы! Йӕ уидаг бахус, ӕмӕ дыргъ нал ратдзӕн. Цот ма куы рауадзой, уӕд дӕр сын Ӕз сӕ уарзон хъӕбулты мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн».


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕ бинойнаг адӕмы бын баззайдзӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ кардылӕфтыд фӕуыдзысты, зӕхбарӕг дын дӕ зӕхх байуардзӕн. Дӕхӕдӕг тӕригъӕдджын зӕххыл амӕлдзынӕ, израилӕгты та ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan