11 Ефремӕн йӕ цотамонд атӕхдзӕни маргъау: сылгоймаг нал аргӕ ныккӕндзӕн, нал сывӕрджын бауыдзӕн ӕмӕ йӕм нал гуырдз фӕзындзӕн.
Йӕ дыккаг фыртыл сӕвӕрдта ном Ефрем, уымӕн ӕмӕ, дам, мӕ Хуыцау, удхар цы зӕххыл бавзӕрстон, уым зӕнӕгджын скодта.
Йосеф — зад сӕнӕфсиры тала, зад сӕнӕфсиры тала суадоны сӕрмӕ. Йӕ къабузтӕ сисыл хилынц.
Саулы чызг Мелхолӕйӕн йӕ амӕлӕты бонмӕ цот нӕ рацыд.
Ӕнаккагыл йӕ бон баталынг уыдзӕн, йӕ арт ахуысдзӕн.
Сӕ дзыхӕй фауӕн ныхас рацӕуы, кардӕй уӕлдай не сты се ’взӕгтӕ. «Чи нӕ фехъусдзӕн?» — хъуыды кӕнынц уыдон.
Адӕймагӕн сӕдӕ сывӕллоны куы уа, зӕронды бонтӕм куы фӕцӕра, фӕлӕ йӕ цӕргӕбонты амондджын куынӕ уа ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй куы баззайа, уӕд ӕфтыддаг амондджындӕр у.
Ефремы зӕххыл фидаргонд сахар нал баззайдзӕн, Дамаскы та — паддзӕхтӕ. Арамы цӕрджытӕй ма чи аирвӕза, уыдонӕн израилӕгтау фесӕфдзӕни сӕ кад, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Нырриздзысты Самарийы цӕрджытӕ Бет-Авены гуымирыйы тыххӕй. Йӕ кувджытӕ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгтӕ йыл хъынцъым кӕндзысты, йӕ кад куы ӕрбайсӕфа, уӕд.
Сӕ нымӕц цас фылдӕр кӕны, уыйас Мӕ ныхмӕ фылдӕр тӕригъӕдтӕ кӕнынц. Ӕз сын сӕ кад баивдзынӕн ӕгадӕй.
Мӕ азары бон Ефрем ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн. Уый Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн хъусын кӕнын Ӕз.
О, ратт сын, Дунедарӕг, — цы Дӕ ракурон ӕз уыдонӕн? — ӕнӕзӕнӕг сӕ скӕн, мады ӕхсыр ма фенӕд сӕ хъӕстӕ!
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: аммонӕгтӕн сӕ фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, цӕмӕй сӕ арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной, уый тыххӕй Галаады сывӕрджын устыты кӕрдтӕй рӕхуыстой.
Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ дзурдзысты: „Тӕхудиаг сты, сывӕллон чи нӕ ныййардта ӕмӕ йӕ риуы ’хсырӕй хъӕбул чи не схаста, уыцы ӕнӕзӕнӕг сылгоймӕгтӕ!“
Ӕлгъыст уыдзысты дӕ зӕнӕг ӕмӕ дӕ зӕххы тыллӕг, де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосы цӕуӕт.
аргӕ-арын йӕ хуылфӕй цы ’мбайлаг рацӕуы, уымӕ, стӕй йӕ ноггуырд сабитӕм. Сусӕгӕй сӕ бахӕрдзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕ уе знӕгтӕ сӕргой фӕкӕндзысты, уӕ сахартӕ иууылдӕр цъысымы бахаудзысты.
Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.