Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 8:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Дымгӕ кӕм байтыдтой, уым уад ӕркӕрддзысты. Сӕ хуымы ӕфсиртыл иу нӕмыг дӕр куынӕ уа, уӕд ӕнӕ хорӕй баззайдзысты. Куы уа, уӕд та — ӕцӕгӕлӕттӕн хӕринаг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 8:7
22 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ сӕ хӕдуӕлвӕд зӕххӕй скасти ӕндӕр авд ӕфсиры, скӕсӕйнаг дымгӕ кӕй басыгъта, ахӕмтӕ,


Израилы зӕхмӕ ӕрбабырста Ассирийы паддзах Пул, ӕмӕ йын Менахем радта ӕвзисты мин таланты, кӕд мӕ фарс рахӕцид ӕмӕ мӕ паддзахдзинад ӕрфидар уаид, зӕгъгӕ.


Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.


Ӕрӕййӕфтон афтӕ: тӕригъӕды хуым-иу чи бакодта ӕмӕ-иу дзы фыддзинад чи байтыдта, уыдонӕн-иу сӕхи кӕрдинаг фӕци,


Фыдракӕндтӕ чи тауы, уый фыдбылызы бахаудзӕн, йӕ фыдӕхы лӕдзӕг ӕвӕдӕй фесӕфдзӕн.


Цӕрӕнбонты хӕры талынджы, бирӕ хӕрамдзинад, рыст ӕмӕ зӕрдӕхудтытӕ бавзары.


Цы бон сӕ ныссагътай, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сӕм зылдтӕ, цӕмӕй сырӕзой ӕмӕ дидинӕг ракалой. Фӕлӕ дыл тыллӕгӕфснайӕн заман сау низ йеддӕмӕ ницы бафтдзӕни.


Уе ’взистӕй цӕмӕн дӕттут, къӕбӕры аккаг уын цы нӕу, уый сӕрмӕ? Уӕ хъиамӕтӕй дӕр цӕмӕн фидут, уе стонг уын цы нӕ сафы, ууыл? Мӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд уӕ хойраг уыдзӕни фӕрнӕйдзаг, уӕ удтӕ ӕфсаддзыстут хӕрзад хӕринагӕй.


Фӕзындзӕни пиллонкалгӕ, Йӕ тохуӕрдӕттимӕ сыл уадау Йӕхи ныццӕвдзӕн ӕмӕ сыл ӕгъатырӕй ныккалдзӕни ӕхсидгӕ масты цӕхӕр.


Мӕнӕу байтыдтой, фӕлӕ какон сындзытӕ ӕркарстой, сӕхи дзӕгъӕлы удхарӕй фӕмардтой. Хор уӕм кӕй не ’рзад, уый тыххӕй фыр тӕссӕй нырризут — Дунедарӕджы маст уӕм ссыгъди!»


Нӕ исбон не знӕгтӕм куы ’рхауди, нӕ хӕдзӕрттӕ — ӕцӕгӕлӕттӕм!


Уый тыххӕй Ӕз тыллӕг афон фӕстӕмӕ байсдзынӕн мӕ хор, куы сцӕттӕ уа, уӕд — Мӕ сӕн; фӕстӕмӕ байсдзынӕн Мӕ къуымбил ӕмӕ гӕн, йӕ бӕгънӕг буар кӕмӕй ӕрӕмбӕрзы, уыдон.


Ӕцӕгӕлӕттӕ йын йӕ хъару басастой, уый та йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕны. Йӕ сӕрыхъуынтӕ сурс сты, уый та йӕ нӕ фиппайы.


Афӕлдӕхтой Ефремы! Йӕ уидаг бахус, ӕмӕ дыргъ нал ратдзӕн. Цот ма куы рауадзой, уӕд дӕр сын Ӕз сӕ уарзон хъӕбулты мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн».


Дунедарӕг Йӕ маст исынмӕ нӕ тагъд кӕны. Ӕгӕрон у Йӕ хъомыс, хӕрам митӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадзы. Уадтымыгъ ӕмӕ тыгъдызӕйы рацӕйцӕуы Дунедарӕг, ӕврӕгътӕ рыджы хуызӕн бассӕнды Йӕ къӕхты бын.


сымах бирӕ байтаут, фӕлӕ тыллӕг чысыл сисут; хӕрут, фӕлӕ не ’фсӕдут; дон нуазут, фӕлӕ уӕ дойны нӕ сӕтты; уӕ уӕлӕ дзаума скӕнут, фӕлӕ уын хъармы хос нӕу; кусут, фӕлӕ уӕ чыссӕтӕ хуынчъытӕ сты.


Уӕхиуыл сайд ма ӕруадзут: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн.


Йӕ буары ӕрдзыхъӕд бафсадынӕн чи тауы, уый мӕлӕт ӕркӕрддзӕни; Уды хуымы чи тауы, уый та ӕркӕрддзӕни мыггагмӕйы цард.


Дӕ зӕххы тыллӕг ӕмӕ дӕ къухты фӕллой дын, кӕй никуы зыдтай, уыцы адӕм хӕрдзысты, ды та дӕ бонтӕ ссӕст ӕмӕ ӕфхӕрдӕй тондзынӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan