Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 8:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Самари, Ӕз дын дӕ гуымирыйы нӕ айстон! Мӕ маст уӕм судзы: кӕд ссыгъдӕг уыдзыстут?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 8:5
17 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ ныр сымах сфӕнд кодтат Дунедарӕджы паддзахады, Давиды байзӕддӕгтӕн лӕвӕрд чи у, уый ныхмӕ фӕлӕууын. Сымах ӕнӕнымӕц стут, ӕмӕ уӕм ис сыгъзӕрин уӕнгуытӕ, Йоровам уын хуыцӕуттӕ кӕмӕй сарӕзта, уыдон!


«Ницыфенджытӕ! Кӕдмӕ цӕрдзыстут ницы зонгӕйӕ? Ӕдзӕсгӕмттӕ! Уӕ къӕйных митӕй уӕ мондӕгтӕ кӕдмӕ исдзыстут? Ӕдылытӕ! Зонынад уын ӕнӕуынон кӕдмӕ уыдзӕн?


Ӕрцӕут, ӕрбамбырд ут иууылдӕр, адӕмтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон! Ӕнӕфенд сты, йӕ хъӕдын хуыцаугонды йӕ дӕларм чи рахӕсс-бахӕсс кӕны ӕмӕ, адӕймаджы ирвӕзын цы хуыцау нӕ кӕны, уымӕ кувджытӕ.


Быдыры цы къуыбыртӕ ис, уыдоныл дын Ӕз де ’нӕуаг митӕ, дӕ чъизи монцтӕ ӕмӕ дӕ хъахбай митӕ уыдтон. О, додойаг фӕдӕ, Йерусалим! Дӕ чъизитӕй кӕд ссыгъдӕг уыдзынӕ?»


Йерусалим! Фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕд фервӕздзынӕ. Дӕ чъизи хъуыдытӕ кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ?


Моавы зӕхх Кемошы тыххӕй фӕхудинаг уыдзӕн, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Вефил куы сси, уӕд куыд сӕгад ис, афтӕ.


Нырриздзысты Самарийы цӕрджытӕ Бет-Авены гуымирыйы тыххӕй. Йӕ кувджытӕ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгтӕ йыл хъынцъым кӕндзысты, йӕ кад куы ӕрбайсӕфа, уӕд.


Израилӕгты тӕригъӕдӕн ӕвдисӕн цы уаз къуыппытӕ сты, уыдон ӕрцӕудзысты дӕрӕнгонд, какон сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты сӕ нывондхӕссӕнтӕ. Хӕхтӕм дзурдзысты: «Ӕрӕмбӕрзут нӕ!», къуыбыртӕм: «Ӕркӕлут ныл!»


Сӕ тӕригъӕдтӕ фӕфылдӕр сты ныр: се ’взистӕй сӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ саразынц гуымирытӕ, иууылдӕр — ӕрмдӕсныйы къухвӕллой. Ӕмӕ, нывӕндтӕ чи хӕссы, уыдонӕн фӕзӕгъынц, гуымирыйӕн аба кӕн, зӕгъгӕ.


Уый дӕр та Израилы хъуыддаг у: хуыцау нӕу — ӕрмдӕсныйы конд; базгъӕлӕн уыдзӕн Самарийы гуымиры.


Самарийы тӕригъӕдӕй ард чи хӕры, уыдон дзурынц: «Дан, сомы кӕнын дӕ хуыцауӕй, ард хӕрын Беер-Шевӕмӕ фӕндагӕй». Уыдон иууылдӕр ӕрхаудзысты ӕмӕ нал сыстдзысты.


Йӕ гуымирытӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты пырх, йӕ хӕтыны тыххӕй йын цыдӕриддӕр бафыстой, уыдон та — сыгъд, йӕ гуымирыты йын фесафдзынӕн. Ахӕм фиддон хъахбай айсдзӕн йӕ хӕтыны тыххӕй».


Ӕмӕ сарӕзтой сыгъзӕрин род, уыцы гуымирыйӕн ӕрхастой нывонд ӕмӕ, сӕхи къухӕй кӕй сарӕзтой, уый раз бӕрӕгбон скодтой.


Уымӕн ӕмӕ Мӕ маст афтӕ фыцы, ӕмӕ йӕ пиллон арт мӕрдтыбӕсты тарфмӕ дӕр ӕнхъӕвзы, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныхъуыры, хохрӕбынтӕ арауы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan