9 Ӕцӕгӕлӕттӕ йын йӕ хъару басастой, уый та йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕны. Йӕ сӕрыхъуынтӕ сурс сты, уый та йӕ нӕ фиппайы.
Йоахазы заман Арамы паддзах Хазаел ссӕста израилӕгты.
Израилы зӕхмӕ ӕрбабырста Ассирийы паддзах Пул, ӕмӕ йын Менахем радта ӕвзисты мин таланты, кӕд мӕ фарс рахӕцид ӕмӕ мӕ паддзахдзинад ӕрфидар уаид, зӕгъгӕ.
Зӕгъдзынӕ: «Надтой мӕ, фӕлӕ мын нӕ рысти, хостой мӕ, фӕлӕ йӕ не ’мбӕрстон, куы фӕфынӕй кӕнон, уӕд та ногӕй нозтагур зилдзынӕн».
Уӕ зӕхх ныггӕныстон, уӕ сахартӕ арты хай баисты, уӕ хуымты бӕркад уын уӕ цӕстыты раз ӕцӕгӕлӕттӕ ссивынц. Зӕрӕстон фӕци уӕ бӕстӕ, цыма йӕ ӕцӕгӕлӕттӕ дымгӕмӕ ныддардтой, уыйау.
Сымах ницы фехъуыстат, ницы зыдтат уый тыххӕй. Ӕцӕг, уӕ хъустӕ рагӕй нырмӕ дӕр ӕхгӕд сты. Ӕз рагацау зыдтон, фӕлитой кӕй стут, суанг уӕ мады гуыбынӕй фыдзыкъуыр кӕй рахастат, уый.
«Раст адӕймаг амӕлы, ӕмӕ йыл ничи бахъынцъым кӕны, Хуыцаумӕ кувӕг цардӕй ахицӕн вӕййы, ӕмӕ йӕ ничи бамбары, цӕмӕн. Рӕстуды иуварс айстӕуы фыддзинадӕй,
Бындзагъд фӕуыдзысты Мӕ адӕм, фаг кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй. Сауджынтӕ, исты бамбарын уӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй уыл Ӕз мӕхи атигъ кӕндзынӕн. Сымах уӕ Хуыцауы Ӕгъдау куыд ферох кодтат, афтӕ уын Ӕз дӕр уӕ цоты рохуаты ныууадздзынӕн.
Дымгӕ кӕм байтыдтой, уым уад ӕркӕрддзысты. Сӕ хуымы ӕфсиртыл иу нӕмыг дӕр куынӕ уа, уӕд ӕнӕ хорӕй баззайдзысты. Куы уа, уӕд та — ӕцӕгӕлӕттӕн хӕринаг.