Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 7:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Се ’ппӕт дӕр пецау сзынг сты ӕмӕ сӕ тӕрхонгӕнджыты ныхъуырынц. Паддзӕхтӕ сӕ амӕттаг фесты, фӕлӕ сӕ иу дӕр Мӕн нӕ агуры.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 7:7
27 Iomraidhean Croise  

Бааса йӕ амардта ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕртыккӕгӕм аз.


Амрийы фарсхӕцджытӕ фӕуӕлахиз сты, Гинаты фырт Тивнийы фарс чи хӕцыди, уыдоныл, ӕмӕ, Тимни куы фӕмард ис, уӕд Израилӕн паддзах сси Амри.


Йегу йӕ фӕсдзӕуинтӕн бардзырд радта: «Ӕрцахсут сӕ!» Ӕмӕ цӕ ӕрцахстой — дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз лӕджы Бет-Екеды цъайы цур амардтой, иу дӕр сӕ удӕгасӕй нал баззад.


Адон уыцы фыстӕг куы райстой, уӕд паддзахы байзӕддӕгты амарын кодтой, сӕ сӕртӕ сын чыргъӕдты нывӕрдтой ӕмӕ сӕ Йегумӕ Изреелы сахармӕ арвыстой.


Иавешы фырт Шаллум сусӕгвӕнд скодта йӕ ныхмӕ, адӕмы раз ӕй амардта ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси.


Самаримӕ Тирцайы сахарӕй ӕрбацыди Гадийы фырт Менахем, амардта Иавешы фырт Шаллумы ӕмӕ йын йӕ бынат бацахста.


Йӕ фӕсдзӕуин, Ремалийы фырт Феках, йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта ӕмӕ йӕ Самарийы сахары, паддзахы галуаны, амардта. Йемӕ уыдысты Аргов ӕмӕ Арйе, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз галаададжы. Феках амардта Пекахиайы ӕмӕ йӕ бӕсты паддзах сси.


Елайы фырт Осиа сусӕгвӕнд скодта Ремалийы фырт Фекахы ныхмӕ ӕмӕ йӕ амардта. Иудейаг паддзах Йотамы, Озиайы фырты, паддзахиуӕджы ссӕдзӕм аз йӕ бӕсты сси Израилы паддзах.


Йегу йӕ фат суагъта, ӕмӕ Йорамӕн йӕ дыууӕ уӕны ’хсӕн бацыд ӕмӕ йын разӕй йӕ зӕрдӕ ратыдта. Йорам йӕ уӕрдоны куы ’рхаудта,


Йегу сын загъта: «Раппарут уыцы сылгоймаджы!» Раппӕрстой йӕ, ӕмӕ куы ’рхауди, уӕд йӕ туг бакалди галуаны къулыл ӕмӕ бӕхтыл. Йӕ бӕхы къӕхты бын ӕй фӕкодта Йегу.


Ӕнӕхуыцӕутты зӕрдӕтӕ мастӕй йедзаг сты, хъадамантӕ сыл куы бакӕной, уӕд дӕр Хуыцаумӕ ӕххуысагур нӕ дзыназдзысты.


хъодыгонд ӕлгъаг кӕмӕн у, фӕлӕ Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдонӕн кад чи кӕны; кӕд йӕхицӕн исты зиан ӕрхӕсдзӕн, уӕддӕр йӕ сомы чи нӕ сайы;


Дунедарӕг загъта Израилы адӕмӕн, Йаковы байзӕддагӕн: «Сымах нӕ куывтат Мӕнмӕ, нӕ хъизӕмар кодтат Мӕн тыххӕй.


Ды иунӕг Хуыцау дӕ, йӕ зӕрдӕ Дыл чи дардта, уыдонӕн бирӕ хӕрзты Чи бацыд, Уый. Ӕндӕр хуыцауы тыххӕй нӕдӕр фехъуыстӕуыд, нӕдӕр ӕй цӕстӕй фендӕуыд.


Мах иууылдӕр фӕчъизи стӕм, чъизи дарӕсау — не ’ппӕт рӕстдзинад. Бахус стӕм сыфтӕрау, нӕ фыдракӕндтӕ нӕ сӕ уӕлныхты систой уадау ӕмӕ нӕ фӕхӕссынц.


Ӕххуысагур дӕр Дӕм ничиуал кувы. Ӕмӕ нӕм Ды дӕр нал ӕвдисыс Дӕ цӕсгом. Ныууагътай нӕ, ӕмӕ сӕфты къахыл ныллӕууыдыстым нӕ фыдмиты тыххӕй.


Адӕм, чи сӕ цӕвы, Уымӕ нӕ раздӕхынц, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы нӕ агурынц.


Агуырдтон сӕм ахӕм лӕджы, сахары быру кӕм ракӕлы, уым а бӕстӕйы сӕрвӕлтау чи ӕрлӕууа ӕмӕ йӕ чи самайа, цӕмӕй йӕ Ӕз ма бабын кӕнон, фӕлӕ не ссардтон.


Моисейы Ӕгъдауы куыддӕриддӕр загъдӕуыд, афтӕ ныл Хуыцауы фыдӕх сӕмбӕлди, фӕлӕ мах Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ нӕ кодтам, нӕ тӕригъӕдтыл не ’рфӕсмон кодтам, Йӕ ӕцӕгад Ын ницӕмӕ дардтам.


Кӕм ис ныр уӕ паддзах, цӕуылнӕ уӕ фервӕзын кӕны уӕ алы сахары дӕр? Кӕм сты уӕ тӕрхоны лӕгтӕ, афтӕ кӕй тыххӕй дзырдтат: «Ратт нын паддзах ӕмӕ фӕтӕгтӕ».


Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.


Израилӕгтӕн сӕ хирвӕссондзинад сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууы, фӕлӕ уӕддӕр Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ, нӕ раздӕхтысты ӕмӕ Йӕ не ’рцагуырдтой.


Зӕрдиагӕй Мӕм кувыны бӕсты сӕ хуыссӕнуӕтты ӕрдиаг кодтой; къӕбӕр ӕмӕ сӕны тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, Мӕнӕй та се ’ргом аздӕхтой.


Ме ’вастӕй сӕхицӕн паддзӕхтӕ сӕвӕрдтой, ӕнӕ Мӕн бафӕрсгӕйӕ равзӕрстой фӕтӕгтӕ. Се ’взист ӕмӕ сӕ сыгъзӕринӕй сарӕзтой гуымирытӕ — се сӕфт уырдыгӕй рацыди.


Додойаг сты, фыдвӕндтӕ чи кӕны, хуыссӕны дӕр фыдбылызтӕ чи мысы ӕмӕ, боныцъӕхтӕ нӕма ралӕууынц, афтӕмӕй сӕ хъаруйы фӕрцы фыдракӕндтӕ чи аразы, уыдон!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan