Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 7:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Се ’ппӕт дӕр схъахбай сты, хыссӕ цалынмӕ хӕрдмӕ цӕуы, уӕдмӕ кӕрдзынгӕнӕг цы зынг пец фӕуадзы, уыйау — арт цырен кӕнын нал хъӕуы!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 7:4
10 Iomraidhean Croise  

Хӕтаг адӕмӕй байдзаг ис зӕхх, богъ-богъӕй кӕуы ӕлгъыст зӕхх! Ӕдзӕрӕг быдыры сӕрвӕттӕ басыгъдысты. Адӕм фыдракӕндтӕм тырнынц, галиу хъуыддӕгты фӕрцы стыхджын сты;


Мӕ сӕр куы фестид ӕнӕхъӕнӕй цӕссыгтӕ, мӕ цӕстытӕ — цӕссыгдоны гуырӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй уӕд дзыназин ӕз мӕ адӕмӕн сӕ мӕрдтыл!


Ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕнбынат куы ссарин, уӕд ацӕуин, мӕ адӕмы ныууадзин. Се ’ппӕт дӕр — хъахбайтӕ, гадзрахатӕйцӕуджыты дзуг!


Хӕрдзысты, фӕлӕ не ’фсӕддзысты; хъахбай митӕ кӕндзысты, фӕлӕ сын цот нӕ рацӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгыл сӕ зӕрдӕ сивтой.


Мӕ адӕм сӕ бӕласы фӕрсынц, ӕмӕ сын уый дзуапп ратты. Сӕ хъахбайдзинад сын сӕ фӕндаг ныссуйтӕ кодта ӕмӕ, ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ Хуыцауӕй адард сты.


Сӕ сомытӕ фӕсайынц, марынц, давынц, хъахбай митӕ кӕнынц, тугныккалдӕн кӕрон нӕй.


Раппӕлинагӕй уӕм ницы ис. Армыдзаг ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕй сӕнхъизын кӕны, уый нӕ зонут, ӕви?


Хуыцауы ныууадзӕг адӕм! Дунеимӕ хӕларӕй цӕрын Хуыцауӕн знаггад кӕнын кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ дунеимӕ хӕларӕй цӕрын чи равзара, уый Хуыцауӕн свӕййы знаг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan