2 Уыдонӕн сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ рох кӕй не сты, уый. Сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ алыварс ӕртыхстысты, нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй!
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ цӕст дары адӕмы фӕндӕгтӕм, сӕ алы къахдзӕф дӕр сын уыны.
Стаудзынӕн дӕ хъӕрӕй, Дӕ диссаджы хабӕрттыл Дын дзурдзынӕн.
Адӕмтӕ, сӕхӕдӕг кӕй скъахтой, уыцы дзыхъхъы аирвӕзтысты, сусӕг ран цы ахсӕн хыз сӕвӕрдтой, уый сӕхи къӕхтыл стыхсти.
Ӕрмӕстдӕр ӕвдисӕн уыдзынӕ — дӕхи цӕстӕй фыдлӕгты ӕфхӕрд фендзынӕ.
Гал зоны йӕ хицауы, хӕрӕг — йӕ кӕвдӕс, израилӕгтӕ та нӕ зонынц, Мӕ адӕм та не ’мбарынц».
О Дунедарӕг! Бӕллӕхы заман Дӕу агурынц адӕм, цӕмӕй сын ахъаз бакӕнай. Куы сӕ бафхӕрыс, уӕд дӕм мынӕг хъӕлӕсӕй фӕкувынц.
Ахӕм адӕймагӕн йӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, нӕ зоны ӕмӕ не ’мбары, науӕд зӕгъид: «Уый цы ми кӕнын? Бӕласӕн йе ’мбис арты басыгътон, зынгыл сфыхтон дзул, скодтон физонӕг ӕмӕ бахордтон. Цы ма дзы баззади, уымӕй та ацы ӕлгъаг дзаума куыд аразын? Куыд хъуамӕ бакувон хъӕды лыггагмӕ?»
Сӕ бӕрӕгбӕтты — хъисфӕндыртӕ, дыууадӕстӕнонтӕ, далатӕ, уадындзтӕ ӕмӕ сӕн, Дунедарӕг цы аразы, уымӕ та нӕ кӕсынц, Йӕ хъуыддӕгтыл Ын нӕ хъуыды кӕнынц.
Дунедарӕг ацы адӕмы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Уыдон уарзынц лекка кӕнын, бауромӕн сын нал ис, ӕмӕ сын Дунедарӕг хӕрзаудӕн нал кӕны; сӕ фыдракӕндтӕ сын ӕрымысдзӕн ныр, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн».
Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уынын. Нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ цӕстытӕй нӕ басусӕг кӕндзысты.
Иудейы тӕригъӕд ӕхсон ӕмӕ ӕфсӕн сисӕй ныффыстӕуыд адӕмы дур зӕрдӕтыл ӕмӕ нывондхӕссӕнты сыкъатыл.
Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Ӕгӕрон хъомыс — Йӕ фӕндты, Йӕ хъуыддӕгтӕ — ӕнӕнымӕц! Уый адӕмӕн сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыны, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ фӕндагмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды.
Ды уыдӕттӕ дӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгты тыххӕй ӕвзарыс, дӕ фыдракӕндты аххосӕй хъизӕмарӕй мӕлыс.
«Сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ, уӕ паддзӕхтӕ, уӕ фӕтӕгтӕ ӕмӕ бӕстӕйы адӕм Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахарты будсудзӕн кӕй кодтой, Дунедарӕг уӕ, мыййаг, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта? Уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ, нӕ рафыхти Йӕ маст?
Дӕ пехуымпартӕ дын мӕнг цӕстылуайӕнтӕ кӕй ӕвдисынц ӕмӕ дын фӕлывд дӕсныфӕрсӕнтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй ды дӕр бахаудзынӕ, сӕ сӕртӕ кӕмӕн акъуырдӕуыд, уыцы ӕнаккӕгты хыгъдмӕ. Сӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон ралӕууыд.
Фӕлӕ Дунедарӕг Иудӕимӕ дӕр тӕрхон кӕны. Уый Йаковы йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзӕн, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафиддзӕн.
Адӕммӕ цы кӕса, сауджынмӕ дӕр — уый. Алкӕй дӕр йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзынӕн, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.
Дыууӕ бонмӕ нӕ царды тых бауадздзӕн, ӕртыккаг бон нӕ слӕууын кӕндзӕн нӕ къӕхтыл, ӕмӕ цӕрдзыстӕм Йӕ разы.
Нывӕндтӕ мын ӕрхӕссынц ӕмӕ сын сӕ дзидза хӕрынц, фӕлӕ сын сӕ Дунедарӕг нӕ айсы. Уый сын ӕрхъуыды кӕндзӕн сӕ тӕригъӕдтӕ, бафхӕрдзӕн сӕ, ӕмӕ Мысырмӕ раздӕхдзысты.
«Гилгалы райдыдтой сӕ фыдмитӕ. Уым Мын фенӕуынон сты. Сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ Ӕз Мӕ Хӕдзарӕй фӕсурдзынӕн, нал сӕ уарздзынӕн — сӕ фӕтӕгтӕ мыл атигъ кодтой сӕхи.
Фехӕлдысты бынтондӕр, раст Гевӕйы куыд уыд, афтӕ. Хуыцау сын се ’нӕхуыцау митӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн.
Дунедарӕг сомы кӕны Израилы сӕрыстырдзинадӕй: «Сӕ хъуыддӕгтӕ сын нӕ ферох кӕндзынӕн мыггагмӕ!»
«Цӕугӕ Ниневимӕ, хъуыстгонд стыр сахармӕ, ӕмӕ уым пехуымпариуӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕм сӕ фыдракӕндты кой сыхъуыст».
Афтӕ куынӕ бакӕнат, уӕд та тӕригъӕдджын уыдзыстут Дунедарӕджы раз, ӕмӕ уӕ уыцы тӕригъӕды азар кӕй баййафдзӕн, уый зонут.
Афтӕ бамбӕхсӕн ницы ис, ӕмӕ ма раргом уа, ахӕм сусӕгдзинад нӕй, ӕмӕ ма рахъӕр уа.
Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.
Зондджындӕр куы уаиккой, уӕд ӕй ӕмбариккой, разӕй сӕм цы кӕсы, уый.
Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.