14 Зӕрдиагӕй Мӕм кувыны бӕсты сӕ хуыссӕнуӕтты ӕрдиаг кодтой; къӕбӕр ӕмӕ сӕны тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, Мӕнӕй та се ’ргом аздӕхтой.
Дыккаг бон райсомӕй адӕм ӕрхастой иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Стӕй ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, уый фӕстӕ сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой.
Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.
Ӕмӕ Мын цы кӕнгӕ у ныр? Мӕ адӕмы Мын акодтой лӕвар, сӕ хицӕуттӕ дзыназынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Мын ӕппынӕдзух, ӕрвылбон фауынц Мӕ ном.
Мӕ цагъартӕ цинӕй райдзысты, зардзысты сӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн, сымах та хъыгзӕрдӕйӕ ӕрдиаг кӕндзыстут, дзыназдзыстут ныфссастӕй.
Ныссагътай сӕ, ӕмӕ сӕ уидӕгтӕ арф ауагътой, сырӕзтысты, ӕмӕ сыл дыргътӕ фӕзынди. Ӕдзух Дӕ кой кӕнынц, фӕлӕ сӕ зӕрдӕтӕй дард дӕ.
Ӕмӕ Мӕм мӕнӕ Иудей, Израилы мӕнгард хо, раздӕхт, фӕлӕ зӕрдиагӕй нӕ, цӕстмӕ митӕ кодта ӕрмӕст, — зӕгъы Дунедарӕг.
О, Дунедарӕгмӕ зӕрдиагӕй скув! Сионы Чызджы Сис, ӕхсӕвӕй-бонӕй ку! Дӕ цӕссыг иу уысммӕ дӕр ма ’рлӕууӕд! О, ферох кӕн ӕнцой!
Уыгӕрдӕн сӕ къухы куы бафтыд ӕмӕ куы бафсӕстысты, уӕд схъал сты. Рох дӕр Мӕ уымӕн фӕкодтой.
Дӕхи бабын кодтай, Израил, уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхмӕ, дӕ иунӕг ӕххуысгӕнӕджы ныхмӕ, рацыдтӕ.
Дунедарӕг мын загъта: «Цу ӕмӕ бауарз, лӕгимӕ цӕргӕйӕ ма ӕндӕр лӕгтӕм дӕр йӕ хъус чи дары, ахӕм сылгоймаджы, раст мӕнӕ, Дунедарӕг израилӕгты куыд уарзы, фӕлӕ ма уыдон уӕддӕр ӕндӕр хуыцӕуттӕм сӕ хъус куыд дарынц ӕмӕ сын сӕ чисмисджын гуылтӕ куыд уарзынц, уыйау».
Дзыназдзысты Мӕм: «О нӕ Хуыцау! Мах израилӕгтӕ стӕм. Мах базыдтам Дӕу».
Хӕсы ныхмӕ цы ’мбӕрзӕнтӕ райсынц, уыдоныл алы нывондхӕссӕны раз хуыссынц, сӕ Хуыцауы Кувӕндоны нуазынц сӕн — кӕйдӕр ивар!
Уыцы бон галуантӕй зарджыты бӕсты райхъуысдзӕни кӕуын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Зӕхх мӕрдтӕй байдзаг уыдзӕн. Алы ран дӕр — мӕрдтӕ, мӕрдтӕ! Сабыр!»
Цыфӕнды фӕлитой дӕр исты куы ӕрымысид ӕмӕ куы зӕгъид, сӕн ӕмӕ махсымӕйӕн уӕм ныккӕнӕн дӕр нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ацы адӕмӕн хорз пехуымпар суаид.
«Ацы бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджытӕн ӕмӕ сауджынтӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы фӕндзӕм ӕмӕ ӕвдӕм мӕйты, хъынцъымгӕнгӕйӕ, ком куы дардтат, уӕд уыдӕттӕ Мӕн тыххӕй кодтат?
Ахӕмтӕ нӕ Бардарӕг Чырыстийӕн нӕ, фӕлӕ сӕ чъизи монцтӕн кусынц, рӕсугъд ӕмӕ козбау ныхӕстӕй фӕливынц, ӕнӕхин чи у, уыдоны.
Уыдонӕн сӕ кӕрон — бынсӕфт, сӕ хуыцау — сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл.
Куы фӕкурут, уӕд нӕ райсут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхӕн нӕ курут, фӕлӕ уӕ монцтӕ бафсадынӕн.
Байхъусут сымах, бонджынтӕ. Кӕут ӕмӕ дзыназут, цы бӕллӕхтӕ уӕ ӕрӕййафынц, уыдоны тыххӕй.
Сӕнӕфсирдонмӕ ацыдысты, ӕртыдтой сӕнӕфсир, сӕндуцӕны йӕ ныллӕмӕрстой ӕмӕ куывд скодтой. Сӕ хуыцауы хӕдзары сӕхи ирхӕфстой ӕмӕ цин кодтой. Фынгтӕ равӕрдтой, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ Авимелехы фыдгой кодтой.