Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 7:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Израилы йӕ низӕй куы дзӕбӕх кодтон, уӕд рабӕрӕг сты Ефремы тӕригъӕдтӕ, Самарийы фыдракӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнгард митӕ кӕнынц; хӕдзӕрттӕм лӕбурынц ӕмӕ уынгты адӕмы стигъынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 7:1
30 Iomraidhean Croise  

Додой йӕ къона расыггӕнаг ефремонты рӕсугъд бӕстӕн, йӕ аив фӕлысты чи баруади, уыцы дидинӕгӕн, дзаджджын уӕлвӕзӕн — фыднозты рын сыстади йӕ цӕрджытыл!


Нӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты Дӕ разы, комдзог ныл цӕуынц нӕ тӕригъӕдтӕ; уӕз ныл кӕнынц нӕ фыдракӕндтӕ, зонӕм нӕ азым:


Дунедарӕгыл нӕ зӕрдӕ сивтам, мӕнг ныхӕстӕ дзырдтам, нӕ Хуыцауы фӕдыл цӕуын нӕ разы кодтам; гадзрахатмӕ, ӕгъатыр митӕм сидтыстӕм, мысыдыстӕм, хъусын кодтам мӕнгдзинад.


Раст тӕрхонӕн нӕм йӕ кой дӕр нал ис, нӕ рӕстад фесӕфтам, фӕзы фӕкалди рӕстдзинад; ӕууӕнк цы у, уый нал зонӕм.


«Вавилонӕн нӕ хостӕ ницы баххуыс сты». «Ныууадзӕм ӕй, ӕмӕ алчидӕр йӕхи зӕхмӕ аздӕхӕд. Уымӕн ӕмӕ йӕ азар сӕххӕссыд уӕларвмӕ, ӕврӕгъты онг схӕццӕ ис».


Дӕ хистӕр хо у Самари, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ галиуфарс, дӕ кӕстӕр хо та у Содом, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ рахизфарс.


Хистӕр хойӕн йӕ ном уыди Охола, кӕстӕрӕн та — Охолива. Уыдон Мӕ къухы уыдысты, ныййардтой Мын фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ. Охола у Самари, Охолива та — Йерусалим.


Уый бӕрц ӕлгъаг у дӕ чъизи, ӕмӕ дӕ цасфӕнды куы сыгъдӕг кӕнон, уӕд дӕр чъизийӕ баззайдзынӕ ӕмӕ фидӕны дӕр не ссыгъдӕг уыдзынӕ, цалынмӕ дыл Мӕ азар нӕ ныххуырсон, уӕдмӕ.


Нырриздзысты Самарийы цӕрджытӕ Бет-Авены гуымирыйы тыххӕй. Йӕ кувджытӕ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгтӕ йыл хъынцъым кӕндзысты, йӕ кад куы ӕрбайсӕфа, уӕд.


Ефрем Мыл хинӕй цӕуы, Израил — сайдӕй, фӕлӕ Иудӕ Хуыцауимӕ ис, Уаз Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ ивы.


Куыд дӕ ныууадзон, Ефрем? Гадзрахатӕй дыл куыд рацӕуон, Израил? Адмӕйӕн ци ми бакодтон, ахӕм ми уын куыд бакӕнон? Цевоимӕн цытӕ бакодтон, уыдӕттӕ уын куыд бавзарын кӕнон? Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, тынг уын тӕригъӕд кӕнын.


Ефрем хизы дымгӕ, скӕсӕйнаг дымгӕйы фӕдыл зилы, бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕнынц мӕнгдзинад ӕмӕ тыхми. Ассириимӕ цӕдисонтӕ систы, оливӕйы сой ӕрвитынц Мысырмӕ.


Фӕлӕ Дунедарӕг Иудӕимӕ дӕр тӕрхон кӕны. Уый Йаковы йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзӕн, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафиддзӕн.


Гуымирытыл баст у Ефрем — йӕхи уагыл ӕй уадз!


Сӕ сомытӕ фӕсайынц, марынц, давынц, хъахбай митӕ кӕнынц, тугныккалдӕн кӕрон нӕй.


Байхъусут, сауджынтӕ! Байхъусут, израилӕгтӕ! Уӕ хъус ӕрдарут, паддзахы галуаны чи цӕры, уыдон! Ӕнхъӕлмӕ уӕм кӕсы тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мицпайы уыдыстут къӕппӕгау, Фаворы та — кӕсагахсӕн хызау.


Цы дын бакӕнон, Ефрем? Цы дын бакӕнон, Иудӕ? Райсомы мигъ ӕваст куыд фӕцыдӕр вӕййы ӕмӕ сӕууон ӕртӕх куыд тагъд ӕрбайсӕфы, уый ӕнгӕс у уӕ рӕстад.


Додой сӕ къона, кӕй Мӕ ныууагътой, уый тыххӕй! Мӕ ныхмӕ кӕй сыстадысты, уый аххосӕй бабын уыдзысты! Ӕз-иу сӕ фервӕзын кодтон, уыдон та Мӕн тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой!


Самари, Ӕз дын дӕ гуымирыйы нӕ айстон! Мӕ маст уӕм судзы: кӕд ссыгъдӕг уыдзыстут?


Иунӕгӕй чи хъеллау кӕны, уыцы хъӕддаг хӕрӕгау ацыдысты Ассиримӕ, ӕмӕ Ефрем зӕрдӕлхӕнӕн лӕвӕрттӕ кодта.


Рӕстӕй цӕрын нӕ зонынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — тыхми ӕмӕ стигъыны фӕрцы сӕ галуантӕ алы хӕзнатӕй байдзаг сты.


Ашдод ӕмӕ Мысыры сахарты фехъусын кӕнут: «Ӕрӕмбырд ут Самарийы къуыбыртыл, акӕсут-ма, цытӕ дзы цӕуы, уымӕ: бӕстӕ — змӕст, адӕм се ’фсондзы бын удхарӕй мӕлынц!»


Самарийы тӕригъӕдӕй ард чи хӕры, уыдон дзурынц: «Дан, сомы кӕнын дӕ хуыцауӕй, ард хӕрын Беер-Шевӕмӕ фӕндагӕй». Уыдон иууылдӕр ӕрхаудзысты ӕмӕ нал сыстдзысты.


Ды ӕххӕст кодтай Амрийы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ фӕзмыдтай Ахавы фӕдонты хъуыддӕгтӕ, уыдоны уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрыс. Уымӕ гӕсгӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ цӕрджыты дын сӕгад кӕндзынӕн, адӕмтӕн хынджылӕггаг суыдзыстут.


Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!


Йерусалим, Йерусалим! Пехуымпарты марӕг ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнынмӕ, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!


ӕмӕ загъта: «Тӕхуды, ӕмӕ ды дӕр уӕд та ацы бон куы базонис, фарны хос дын цы у, уый! Фӕлӕ уый ныр дӕуӕй ӕмбӕхст у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan