Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 6:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Галаад — ӕнӕхуыцӕутты сахар, тугамӕст.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 6:8
17 Iomraidhean Croise  

Гивоны цур цы стыр дур ис, уымӕ куы баввахс сты, уӕд Амаса сӕ размӕ фӕци. Йоав — йӕ хотыхты, йӕ цирхъ — йӕ астӕуыл баст, ӕмӕ йын цӕугӕ-цӕуын кӕрддзӕмӕй ӕрхауд.


Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.


Ноджы ма дын зӕгъын, — дзырдта дарддӕр Давид, — дӕ зӕрдыл дар, иу хатт мын Церуайы фырт Йоав цы бакуыста, Израилы ӕфсады дыууӕ фӕтӕджы — Неры фырт Авнеры ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — куыд амардта, уый. Фидыды заман ныккалдта туг, цыма хӕсты заман уыд, афтӕ ӕмӕ уыцы тугӕй самӕста йӕ рон ӕмӕ йӕ къахыдарӕс — фӕчъизи кодта йӕ хӕстон намыс.


Мӕ рахизфарсмӕ кӕсын ӕмӕ уынын: хъуыдыгӕнӕг мӕ нӕй, нӕй мын, кӕм балӕууон, ахӕм ран, мӕ удыл мын ничи тыхсы.


Арам-Нахараим ӕмӕ Арам-Цовайы бӕстӕтӕ куы басаста, Йоав та, фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ, Цӕхджын дӕлвӕзы едомӕгтӕй дыууадӕс мины куы ныццагъта, уӕд.


фӕлӕ уыцы тынтӕй нӕдӕр уӕлӕдарӕс скӕнӕн ис, нӕдӕр ӕмбӕрзӕн бауафӕн. Уыдон сты фыдгӕнӕг адӕм, тыхгӕнджытӕ.


Мӕн та, ӕууӕндаг уӕрыккау ӕргӕвдынмӕ фӕцӕйкодтой, мӕ ныхмӕ мын цы фыдвӕндтӕ аразынц, уый нӕ зыдтон. Уыдон загътой: «Фесафӕм дидинӕгкалӕг бӕлас, уадз ӕмӕ удӕгӕсты ’хсӕн мауал уа, ферох уа йӕ ном».


Галаады фӕзынди фыддзинад, йӕ цӕрджытӕ дзӕгъӕл змӕлдыл систы. Гилгалы нывондӕн хастой галтӕ, фӕлӕ сӕ нывондхӕссӕнтӕ, быдыры ауӕдзыл цы дуррӕдзӕгъдтӕ самайынц, уыдонау суыдзысты.


Йаков алыгъди Сиримӕ, ирӕды сӕрмӕ фыййауӕй фӕцыди Израил.


Сӕ сомытӕ фӕсайынц, марынц, давынц, хъахбай митӕ кӕнынц, тугныккалдӕн кӕрон нӕй.


Байхъусут, сауджынтӕ! Байхъусут, израилӕгтӕ! Уӕ хъус ӕрдарут, паддзахы галуаны чи цӕры, уыдон! Ӕнхъӕлмӕ уӕм кӕсы тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мицпайы уыдыстут къӕппӕгау, Фаворы та — кӕсагахсӕн хызау.


Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.


Хатыдысты йӕм, цӕмӕй сын ахӕм хорзӕх ракӕна, ӕмӕ Павелы арвита Йерусалиммӕ, сӕхӕдӕг та баныхас кодтой фӕндагыл Павелы амарыныл.


Гады хӕдзарвӕндагӕй — ӕмбӕхсӕн сахар Рамот йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ Галаады, стӕй Маханаим йӕ алыварс сӕрвӕттимӕ;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan