4 Цы дын бакӕнон, Ефрем? Цы дын бакӕнон, Иудӕ? Райсомы мигъ ӕваст куыд фӕцыдӕр вӕййы ӕмӕ сӕууон ӕртӕх куыд тагъд ӕрбайсӕфы, уый ӕнгӕс у уӕ рӕстад.
Ӕмӕ Мӕм мӕнӕ Иудей, Израилы мӕнгард хо, раздӕхт, фӕлӕ зӕрдиагӕй нӕ, цӕстмӕ митӕ кодта ӕрмӕст, — зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕз загътон: «Мӕ фыртыл дӕ куыд банымайон? Бӕллиццаг бӕстӕ, адӕмты хуыздӕр исбон, дӕуӕн куыд раттон? Ӕз ӕнхъӕлдтон, схондзынӕ мӕ дӕ Фыд, гадзрахатӕй Мыл нӕ рацӕудзынӕ.
Ныр сымах ӕрфӕсмон кодтат ӕмӕ, Ӕз растыл кӕй нымайын, ахӕм хъуыддаг сарӕзтат Мӕ разы: алчидӕр уӕ йе ’фсымӕры ссӕрибар кодта. Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы хӕдзары Мемӕ фидыд сфидар кодтат.
Ацы адӕм та хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, фӕзылдысты ӕмӕ ацыдысты.
«Куыд дын хъуамӕ ныббарон? Дӕ цот Мӕ ныууагътой, мӕнг хуыцӕуттӕй ард хӕрынц! Ӕз-иу сӕ бафсӕстон, уыдон та хъахбай митӕ кодтой ӕмӕ хӕтаг сылты хӕдзӕрттӕм тыгуыртӕй цыдысты.
Ау, Ӕз сӕ уыдӕтты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?
Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз сӕ стайын кӕндзынӕн, бафӕлвардзынӕн сӕ! Уӕдӕ ӕндӕр Мӕ адӕмӕн цы бакӕнон?
Куыд дӕ ныууадзон, Ефрем? Гадзрахатӕй дыл куыд рацӕуон, Израил? Адмӕйӕн ци ми бакодтон, ахӕм ми уын куыд бакӕнон? Цевоимӕн цытӕ бакодтон, уыдӕттӕ уын куыд бавзарын кӕнон? Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, тынг уын тӕригъӕд кӕнын.
Уымӕ гӕсгӕ уыдон райсомы мигъӕй, ӕртӕхӕй уӕлдай нал уыдзысты; мусы зыгуымау, тохынайы фӕздӕгау ӕрбайсӕфдзысты.
Израилы йӕ низӕй куы дзӕбӕх кодтон, уӕд рабӕрӕг сты Ефремы тӕригъӕдтӕ, Самарийы фыдракӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнгард митӕ кӕнынц; хӕдзӕрттӕм лӕбурынц ӕмӕ уынгты адӕмы стигъынц.
Фӕлӕ ӕнӕуидаг у, ӕмӕ бирӕ нӕ бафӕразы. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд йӕ уырнындзинад фӕцуды.
Израилӕгтӕ та ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой. Уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ Моавы паддзах Еглон израилӕгтыл фӕуӕлахиз.