Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 6:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Израилы хӕдзары стыр диссӕгтӕ уынын: фехӕлди Ефрем, фӕчъизи ис Израил.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 6:10
14 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Роховам ницӕмӕ ӕрдардта хистӕрты уынаффӕ ӕмӕ бафарста йе ’мгар лӕппуты, кӕимӕ сырӕзт ӕмӕ йын ныр лӕггад чи кодта, уыдоны:


Уыцы карз ӕфхӕрд сыл ӕрцыдис, Йоровам тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл хӕст кӕй уыди, Израилы адӕмы дӕр тӕригъӕдтыл кӕй бафтыдта ӕмӕ уымӕй Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, кӕй смӕсты кодта, уый тыххӕй.


Израилӕгтӕ сӕ Хуыцауы, Дунедарӕджы, раз тӕригъӕды цӕуын байдыдтой. Кӕддӕр сӕ Уый ракодта Мысыры зӕххӕй, суӕгъд сӕ кодта фараоны ӕфсондзы бынӕй. Фӕлӕ адон фӕзмын райдыдтой, кӕддӕр сын Дунедарӕг сӕ цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕгъдӕуттӕ, стӕй Израилы паддзӕхты ӕнаккаг митӕ.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Бафӕрсут-ма адӕмты, ахӕм диссаг, цымӕ, искуы фехъуыстӕуыд? Израилы чызг ӕбуалгъ цъаммар митыл бафтыд!


Ӕз уынын: Йерусалимы пехуымпартӕ дӕр ӕлгъаг митӕ кӕнынц: хӕтынц, сӕ хъуыддӕгты рӕстдзинад нӕй. Фыдгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы иу дӕр йӕ фыдракӕндтӕ ма ныууадза. Мӕ разы иууылдӕр Содомы хуызӕн систы, Йерусалимы цӕрджытӕ — Гоморрӕ».


Паддзах Иосиайы заман мӕм Дунедарӕг раргом ис ӕмӕ мын загъта: Ды Израилы чызгӕн, гадзрахатӕй рацӕуӕгӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр федтай. Алы къуыбырмӕ, алы къабузджын бӕласмӕ цыди ӕмӕ уым хъахбай митӕ кодта.


Охола Мыл йӕ зӕрдӕ сивта, ӕнӕуаг митӕ кодта йӕ хӕзгултимӕ, ассириаг хӕстонтимӕ.


Хъахбай митӕ кодта семӕ — Ассирийы уӕздӕттимӕ, йӕхи-иу фӕчъизи кодта, мондаджы уарзтӕй кӕй уарзта, уыдоны гуымирытӕм кувынӕй.


Хӕлд митӕ, зӕронд ӕмӕ ног сӕн сӕ царды сӕйраг систы.


Мӕ адӕм сӕ бӕласы фӕрсынц, ӕмӕ сын уый дзуапп ратты. Сӕ хъахбайдзинад сын сӕ фӕндаг ныссуйтӕ кодта ӕмӕ, ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ Хуыцауӕй адард сты.


Гуымирытыл баст у Ефрем — йӕхи уагыл ӕй уадз!


Ӕз зонын Ефремы, Израилы дӕр уынын: схъахбай дӕ, Ефрем; йӕхи фӕчъизи кодта Израил.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan