Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 6:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Хъизӕмар куы кӕной, уӕд Мӕ сӕумӕйӕ агурдзысты: «Цомут, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм — Уый ныл низ бафтыдта, ӕмӕ нӕ Уый Йӕхӕдӕг сӕнӕниз скӕндзӕни, Уый нӕ ӕрцавта, ӕмӕ нын нӕ хъӕдгӕмттӕм дӕр Уый базилдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 6:1
36 Iomraidhean Croise  

Паддзах ӕмӕ йӕ барджынты номӕй фидиуджытӕ ӕгас Израил ӕмӕ Иудейыл фыстӕджытимӕ ӕрзылдысты ӕмӕ паддзахы бардзырд хъусын кодтой: «Израилы адӕм! Уе ’ргом раздахут Дунедарӕгмӕ, Авраам, Исаак ӕмӕ Израилы Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕд Уый дӕр Йе ’ргом раздахдзӕни сымахмӕ, Ассирийы паддзӕхтӕй ма уӕ чи аирвӕзти, уыдонмӕ.


Фыр мӕстӕй мӕ ’ргӕвды, Йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цӕуы; ныккастысты мӕм ме знӕгтӕ.


Ӕппӕтхъомысмӕ раздах де ’ргом, ӕмӕ та ногӕй дӕ цард йӕ гаччы сбаддзӕн, ӕрмӕст фӕсур дӕ цатырӕй тӕригъӕд.


Хъусӕй куы лӕууа, уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн? Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса, уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн? Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы,


Уый цӕвгӕ дӕр Йӕхӕдӕг ныккӕны, ӕмӕ цӕфтӕ дӕр Йӕхӕдӕг бабӕтты, ныццӕвӕг дӕр ӕмӕ сдзӕбӕхгӕнӕг дӕр Уый Йӕхӕдӕг у.


Мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ мын сты ӕнӕуынон, ӕз Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ.


Курын Дӕ, о Дунедарӕг, Дӕ маст куы судза, уӕд мыл Дӕ азар ма ныххуырс! Фыр мӕстӕй цӕхӕртӕ куы калай, уӕд-иу мӕ ма бафхӕр карзӕй!


Уыйадыл фесты Йессейы фырт Давиды куывдтытӕ.


марынӕн ӕмӕ дзӕбӕх кӕнынӕн; халынӕн ӕмӕ аразынӕн;


Уыцы бон алы адӕймаг дӕр йе ’ргом раздахдзӕни йе Скӕнӕгмӕ, бацагурдзӕн Израилы Уаз Хуыцауы.


Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ. Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм». Афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй, рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас.


Уӕд уын фенад уыдзысты уе ’взистахуырст гуымирытӕ, стӕй зӕриндонытылд гуымирытӕ. Ӕлгъыст фӕут, зӕгъгӕ, зӕгъдзыстут ӕмӕ сӕ фехсдзыстут бырӕттау.


Мӕй сӕрттивдзӕни хурау, хур та, цы у, уымӕй авд хатты рухсдӕрӕй, авд боны дӕргъы цы рухс ратты, уый йын цыма иу бонмӕ ӕрӕмбырд уыдзӕн, уыйау. Уыцы бон Дунедарӕг бабӕтдзӕни Йӕ адӕмы цӕфтӕ, байгас сын кӕндзӕни сӕ хъӕдгӕмттӕ.


Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.


«Раздӕхут Мӕм, гадзрахатӕй рацӕуӕг цот! Ӕз уын уӕ хивӕнд зӕрдӕтӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн». «Мӕнӕ Дӕм фӕцӕуӕм, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, нӕ Хуыцау!


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дӕ хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхгӕнӕн нӕй, уӕззау сты дӕ цӕфтӕ!


Дӕ хосгӕнӕг суыдзынӕн Мӕхӕдӕг, дӕ цӕфтӕ дын байгас кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Дӕу хъодыгонд хуыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Сионы сахар никӕйуал хъӕуы».


сӕ цӕрджытӕ рацыдысты халдейӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕлӕ Ӕз ацы хӕдзӕрттӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, фесафдзынӕн, уыцы хӕдзӕрттӕ адӕмы мӕрдтӕй байдзаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахарӕй се ’ппӕт фыдракӕндты тыххӕй Ме ’ргом аздӕхтон.


Фӕлӕ Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн ӕнӕниздзинад ратдзынӕн, сдзӕбӕх сӕ кӕндзынӕн, парахатӕй сын сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ратдзынӕн.


Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, кӕугӕйӕ, Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, агурӕг ацӕудзысты.


Сионмӕ агурдзысты фӕндаг, се ’ргом ӕм раздахдзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ацӕуӕм ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕнусон фидыдӕй баиу уӕм“.


Уӕ, дунетыл Йӕ фӕндонӕй куы хӕтын, куы сдзӕгъӕл кодта, иунӕгӕй мӕ куы ныууагъта!


Дунедарӕг домбайау куы ныррыха, уӕд рацӕудзысты Йӕ фӕдыл, Йӕ рыхын куы райхъуыса, уӕд Ӕм Йӕ фырттӕ ныгуылӕнӕй фӕзындзысты.


Уӕдӕ раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йын Йӕ раст тӕрхоныл ӕууӕнд, дӕ зӕрдӕ дар кӕддӕриддӕр Хуыцауыл.


Самари баййафдзӕнис ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ сыстади. Йӕ адӕм карды амӕттаг фӕуыдзысты, сӕ сабиты сын уӕнггай скӕндзысты, сывӕрджын сылгоймӕгтӕн сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты.


Ассири мах нӕ фервӕзын кӕндзӕни, нал сбаддзыстӕм бӕхтыл ӕмӕ, нӕхи къухӕй кӕй сарӕзтам, уыдоны нӕ хуыцӕуттӕ нал схондзыстӕм. Сидзӕртӕ Дӕ хорзӕхӕй схайджын вӕййынц».


Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.


Фӕлӕ сауджын, сӕ байсӕрдыны фӕстӕ хӕдзары къултӕ нал схъуына сты, уый куы фена, уӕд уыцы хӕдзар адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл, уымӕн ӕмӕ йыл хъуына нал ис.


О ӕдзӕсгом адӕм! Тыхстызмӕлд кӕнут,


Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн! Ӕз — Иунӕг Хуыцау! Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр, цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн!


Дунедарӕг амары ӕмӕ райгас кӕны, Мӕрдтыбӕстӕм барвиты ӕмӕ фӕстӕмӕ ракӕны.


Самуел сын загъта: «Кӕд зӕрдиагӕй раздӕхтыстут Дунедарӕгмӕ, уӕд ӕцӕгӕлон хуыцӕутты ӕмӕ Астартӕты уӕхицӕй аиуварс кӕнут, уӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕн раттут ӕмӕ иунӕг Уымӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ уӕ Уый филистимӕгтӕй фервӕзын кӕндзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan