7 Дунедарӕгыл сӕ зӕрдӕ сивтой, уымӕн ӕмӕ дзӕгъӕлзад цот ныййардтой. Сӕ мӕйногтӕ сӕ ныр ӕд зӕххытӕ аныхъуырдзысты.
Уыдон дзурдзысты Дӕ паддзахады кадыл, Дӕ хъомысы кой кӕндзысты,
Де стыр хорзӕхты кой дын ракӕндзысты, Дӕ рӕстдзинад Дын стаудзысты.
Мӕ зӕрдӕ уын нал исы уӕ мӕйногтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ бӕрӕгбӕттӕ: уӕз Мыл кӕнынц, бафӕлладтӕн уыдӕттӕн быхсын.
Сымах ницы фехъуыстат, ницы зыдтат уый тыххӕй. Ӕцӕг, уӕ хъустӕ рагӕй нырмӕ дӕр ӕхгӕд сты. Ӕз рагацау зыдтон, фӕлитой кӕй стут, суанг уӕ мады гуыбынӕй фыдзыкъуыр кӕй рахастат, уый.
Дунедарӕгыл нӕ зӕрдӕ сивтам, мӕнг ныхӕстӕ дзырдтам, нӕ Хуыцауы фӕдыл цӕуын нӕ разы кодтам; гадзрахатмӕ, ӕгъатыр митӕм сидтыстӕм, мысыдыстӕм, хъусын кодтам мӕнгдзинад.
Фӕлӕ ус йӕ мойы мӕнгардӕй куыд асайы, уыйау Мыл сайдӕй рацыдтӕ, Израил!» — зӕгъы Дунедарӕг.
Израил ӕмӕ Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕ Мыл гадзрахатӕй рацыдысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Уымӕ гӕсгӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ ныхӕстӕй иу дӕр дарддӕр нал аргъӕвдзынӕн. Цы зӕгъон, уый сӕххӕст уыдзӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Ӕз ын кӕрон скӕндзынӕн йӕ хъӕлдзӕгдзинӕдтӕн, мӕйногтӕ ӕмӕ сабӕттӕн — алы бӕрӕгбонӕн.
Йӕ цотӕн дӕр хатыр нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ хъахбайы цот сты.
Уыдон та Адамау фехӕлдтой фидыд, сивтой Мыл сӕ зӕрдӕ.
Додой сӕ къона, кӕй Мӕ ныууагътой, уый тыххӕй! Мӕ ныхмӕ кӕй сыстадысты, уый аххосӕй бабын уыдзысты! Ӕз-иу сӕ фервӕзын кодтон, уыдон та Мӕн тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой!
Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон.