15 Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.
Сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Бӕгуыдӕр, азымджын стӕм не ’фсымӕры раз. Йӕ зӕрдӕйы тас ын уыдтам, куы нын лӕгъстӕ кодта, уӕд, фӕлӕ йӕм нӕ байхъуыстам, ӕмӕ ныр нӕхӕдӕг дӕр бӕллӕхы бахаудыстӕм».
ӕмӕ Мӕ адӕм, Мӕ ном чи хӕссы, уыдон, сӕрныллӕгӕй куы кувой, куы Мӕ агурой ӕмӕ сӕ фыдвӕндӕгтӕ куы ныууадзой, уӕд сӕ Ӕз фехъусдзынӕн уӕларвӕй, сӕ тӕригъӕд сын ныббардзынӕн ӕмӕ сын сӕ зӕхх сӕнӕниз кӕндзынӕн.
Ӕмӕ уӕд адӕмы раз зӕгъдзӕн: „Ӕз тӕригъӕды бацыдтӕн, рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтон, фӕлӕ мын Хуыцау мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ бафыста,
Ахъаз нын бакӕн, цӕмӕй не знагыл фӕуӕлахиз уӕм, уымӕн ӕмӕ адӕймагыл зӕрдӕдарӕн нӕй.
Арвӕй бӕрзонддӕр уӕд Дӕ кад, Хуыцау, тӕмӕнтӕ калӕд ӕгас зӕххы сӕрмӕ!
Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.
Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.
Дунедарӕг мын загъта: «Ӕз ӕнцад кӕсдзынӕн Мӕ цӕрӕнӕй къӕвдайы фӕстӕ хъарм уӕлдӕфау, тыллӕгӕфснайӕнты тӕвд афон ӕртӕхӕй ӕфсӕст ӕврагъау.
О Дунедарӕг! Бӕллӕхы заман Дӕу агурынц адӕм, цӕмӕй сын ахъаз бакӕнай. Куы сӕ бафхӕрыс, уӕд дӕм мынӕг хъӕлӕсӕй фӕкувынц.
Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй, цӕмӕй зӕххы цӕрджыты сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра. Зӕхх равдисдзӕн, цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый, нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.
Мӕ зӕрдӕ Дӕм ӕхсӕв дӕр тырны, Дӕу агуры сӕумӕрайсом мӕ уд. Ды зӕххӕн раст тӕрхон куы фӕкӕныс, уӕд дунейы цӕрджытӕ базонынц рӕстдзинад цы у, уый.
«Мӕ фыд», зӕгъгӕ, бӕласмӕ дзурынц, «ныййарӕг мад» схонынц дур. Се ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕм сӕ чъылдым раздахынц! Бӕллӕхы заман та зӕгъдзысты: «Фӕзын-ма, фервӕзын нӕ кӕн!»
Ӕрмӕст дӕ фыдракӕндыл басӕтт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхмӕ сыстадтӕ, алы къабузджын бӕласы бын ӕцӕгӕлӕттӕн рӕвдауӕн митӕ кодтай ӕмӕ Мын Мӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстай“, — зӕгъы Дунедарӕг.
Раздӕхут, сабитӕ, гадзрахатӕй рацӕуджытӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн уӕ Сӕрыхицау. Алы сахарӕй дӕр Ӕз райсдзынӕн иуы, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — дыууӕйы, ӕмӕ уӕ ӕркӕндзынӕн Сионмӕ.
Фӕндаг ссарӕм, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм,
Дунедарӕджы кад йӕхи систа херувимтӕй ӕмӕ ӕрӕнцади Кувӕндоны къӕсӕрыл, ӕмӕ Кувӕндон байдзаг ис ӕврагъӕй, кӕрт та — Дунедарӕджы кады тӕмӕнӕй.
Дунедарӕджы кад йӕхи систа сахарӕй ӕмӕ ӕрӕнцад, сахарӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хох ис, уый сӕрмӕ.
Уым ӕрымысдзыстут уе ’ппӕт фӕндӕгтӕ ӕмӕ уе ’ппӕт митӕ, уӕхи-иу кӕмӕй фӕчъизи кодтат, уыдон ӕмӕ уе ’наккаг митыл ӕрхуддзыстут.
Уӕд уӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзысты уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ, ӕмӕ уӕхицӕн сӕнӕуынон уыдзыстут уӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ уе ’лгъаг миты аххосӕй.
Ӕмӕ, чи фервӕза, уыдон, уацары сӕ кӕмӕ акӕной, уыцы адӕмты ’хсӕн ӕрхъуыды кӕндзысты Мӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз бауадздзынӕн хъынцъым, Мӕн чи ныууагъта, сӕ уыцы зӕрдӕты ӕмӕ, гуымирыты фӕдыл чи адзӕгъӕл, сӕ уыцы цӕстыты. Ӕмӕ уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн фенӕуынон уыдзысты се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ ӕлгъаг миты тыххӕй.
Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Федтай, цытӕ аразынц, уый? Уыныс, Израилы адӕм ацы ран цытӕ аразынц, уый? Ӕвирхъау ӕлгъаг митӕ кӕнынц, цӕмӕй Ӕз Мӕ Кувӕндон ныууадзон. Фӕлӕ кӕс дарддӕр, ӕмӕ ноджы фыддӕр ӕлгъаг митӕ фендзынӕ».
Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.
Сӕ фысвос ӕмӕ се стуртимӕ Дунедарӕджы агурӕг зилдзысты, фӕлӕ Йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Уый ныууадздзӕни.
Мӕнӕ Дунедарӕг рацӕуы Йӕ сыгъдӕг цӕрӕнӕй, ӕрцӕудзӕн ӕмӕ зӕххы бӕрзӕндтӕ бассӕнддзӕн.
Бацыдысты адӕм Моисеймӕ ӕмӕ загътой: «Тӕригъӕд ракодтам мах, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ныхмӕ ӕмӕ дӕ ныхмӕ дзырдтам. Скув Дунедарӕгмӕ, цӕмӕй нӕ кӕлмытӕй фервӕзын кӕна». Скуывта Моисей адӕмы тыххӕй,
Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!“ Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕни: „Чи стут ӕмӕ кӕцӕй стут, уый нӕ зонын“.
Сисерамӕ уыдис фарастсӕдӕ ӕфсӕн тохуӕрдоны. Ссӕдз азы дӕргъы израилӕгты хъизӕмарӕй фӕмардта, ӕмӕ та Дунедарӕгмӕ скуывтой.