Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 5:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Иудӕйы фӕтӕгтӕ искӕй ауӕдзыл фалдӕр кӕй ахӕцынц, уый тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн донау!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 5:10
15 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы ныхасӕй фӕзындысты уӕлӕрвтӕ, Йӕ комытӕфӕй — стъалыты ӕфсад.


Дӕ номыл цин кӕнынц ӕрвылбон, Дӕ рӕстадӕй сты сӕрыстыр.


Загъд райдыдта — донмарӕн ратыдта; цалынмӕ нӕ сабухта, уӕдмӕ дӕхи ’рсабыр кӕн.


Дӕ фыдӕлтӕ арӕнӕн цы дур сӕвӕрдтой, уый йӕ бынатӕй ма фезмӕлын кӕн.


Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.


Куынцгомы ӕвзист куыд атайы, афтӕ атайдзыстут Мӕ карз пиллоны мидӕг ӕмӕ уӕд базондзыстут, Мӕ азар уыл Ӕз, Дунедарӕг, кӕй ныххуырстон, уый».


Рӕхджы дыл Ӕз ныххуырсдзынӕн Мӕ азар, ныккалдзынӕн дыл Мӕ маст. Дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн, дзуапп дӕ ӕрдомдзынӕн де ’лгъаг миты тыххӕй.


Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади ӕмӕ сӕхи уыцы хӕдзарыл ӕмцӕф ныккодтой. Хӕдзар ныккалд ӕмӕ дурты кӕри фестад.


Мӕ ныхӕстӕм чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар зӕххыл ӕнӕ бындурӕй чи сарӕзта, ахӕм адӕймаджы хуызӕн. Куыддӕр хӕдзарыл дон ахӕцыд, афтӕ ныккалди ӕмӕ дурты кӕри фестад».


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, дӕ сыхагӕй де ’хсӕн фыдӕлтӕй цы арӕн баззад, ууыл ма бахӕц фалдӕр.


„Ӕлгъыст фӕуӕд, йӕ сыхаджы арӕныл фалдӕр чи ахӕца!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan