9 Адӕммӕ цы кӕса, сауджынмӕ дӕр — уый. Алкӕй дӕр йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзынӕн, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.
Кӕд раст адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ цӕргӕбонты бафыстӕуы, уӕд ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕн та — уӕлдайдӕр.
Адӕймаг йӕ ныхӕсты фарнӕй ӕфсӕды, йӕ хъиамӕт ӕм хӕрзиуӕджы хуызы раздӕхы.
Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.
Иу у сӕ хъысмӕт се ’ппӕтӕн дӕр: сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн, барджынтӕ ӕмӕ дӕлдӕртӕн, ӕхсинтӕ ӕмӕ унӕуттӕн, уӕйгӕнджытӕ ӕмӕ ӕлхӕнджытӕн, цъынды чи дӕтты ӕмӕ хӕс чи дары, уыдонӕн, пайдайы охыл ӕфстау дӕтджытӕ ӕмӕ ӕфстау исджытӕн.
Зӕгъут рӕстудӕн, тӕхудиаг кӕй у: йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын рардӕуыдзӕн.
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Афтӕ сӕ азымы тыххӕй ӕфхӕрд ӕрцӕудзысты левиттӕ дӕр, Израил йӕ фӕндагӕй куы адзӕгъӕл, уӕд Мӕ чи ныууагъта ӕмӕ гуымирытӕм кувын чи райдыдта, уыдон.
Адӕм сӕ гуымирытӕн нывӕндтӕ куы хастой, уӕд сын адон кӕй лӕггад кодтой ӕмӕ уымӕй Израилы адӕмы тӕригъӕды кӕй бафтыдтой, уый тыххӕй сӕм Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ сӕ азымы тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзысты.
Дунедарӕг Осиайӕн загъта: «Сӕвӕр ыл ном Изреел. Чысыл рӕстӕджы фӕстӕ Мын Изреелы туг Йегу бафиддзӕни, ӕмӕ Ӕз йӕ бындур ныззилдзынӕн Израилы паддзахӕн.
Ӕз сӕ Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ бафхӕрдзынӕн: сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ адӕмтӕ ӕрбамбырд уыдзысты ӕмӕ сыл хъадамантӕ бакӕндзысты — дывӕрӕй тӕригъӕды кӕй бацыдысты, уый тыххӕй.
Фӕлӕ Дунедарӕг Иудӕимӕ дӕр тӕрхон кӕны. Уый Йаковы йӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ бафхӕрдзӕн, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафиддзӕн.
Йӕ мады гуыбыны дӕр йе ’фсымӕры зӕвӕтмӕ лӕбурдта, куы бахъомыл ис, уӕд та Хуыцауимӕ хъӕбысӕй хӕцыд.
Уыдонӕн сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ рох кӕй не сты, уый. Сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ алыварс ӕртыхстысты, нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй!
Нывӕндтӕ мын ӕрхӕссынц ӕмӕ сын сӕ дзидза хӕрынц, фӕлӕ сын сӕ Дунедарӕг нӕ айсы. Уый сын ӕрхъуыды кӕндзӕн сӕ тӕригъӕдтӕ, бафхӕрдзӕн сӕ, ӕмӕ Мысырмӕ раздӕхдзысты.
«Гилгалы райдыдтой сӕ фыдмитӕ. Уым Мын фенӕуынон сты. Сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ Ӕз Мӕ Хӕдзарӕй фӕсурдзынӕн, нал сӕ уарздзынӕн — сӕ фӕтӕгтӕ мыл атигъ кодтой сӕхи.
Фехӕлдысты бынтондӕр, раст Гевӕйы куыд уыд, афтӕ. Хуыцау сын се ’нӕхуыцау митӕ ӕрхъуыды кӕндзӕн, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн.
Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».
Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».