Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 4:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Хӕхты цъуппытыл нывӕндтӕ хӕссынц ӕмӕ къуыбыртыл судзынц буд — тулдз бӕласы, гӕды бӕласы ӕмӕ теревинфы бын, уымӕн ӕмӕ уыдон хорз аууон дарынц. Уӕ чызджытӕ ӕмӕ уӕ чындзытӕ дӕр уый тыххӕй схъахбай сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 4:13
20 Iomraidhean Croise  

Израилӕгтӕ сӕ Хуыцауы, Дунедарӕджы, раз тӕригъӕды цӕуын байдыдтой. Кӕддӕр сӕ Уый ракодта Мысыры зӕххӕй, суӕгъд сӕ кодта фараоны ӕфсондзы бынӕй. Фӕлӕ адон фӕзмын райдыдтой, кӕддӕр сын Дунедарӕг сӕ цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕгъдӕуттӕ, стӕй Израилы паддзӕхты ӕнаккаг митӕ.


Хъахбайтӕ кӕм цардысты ӕмӕ сылгоймӕгтӕ Ашерӕйӕн дарӕстӕ кӕм уӕфтой — Кувӕндоны кӕрты цы агъуыстытӕ уыд, уыдоны дӕр фехалын кодта.


Уӕ цӕсгом ссудздзӕн, уӕ зӕрдӕ кӕмӕн радтат, уыцы тулдзты тыххӕй, фегад уыдзыстут уӕ равзӕрст къохты аххосӕй.


Алы пӕлӕхсар бӕласы бын ӕнӕуаг митӕ кӕнут уӕ мӕнгхуыцӕуттимӕ, ноджы ма къӕдзӕхты бын комы нарджыты, тӕрфыты, кусарт кӕнут уӕ сабиты.


Уӕ Израил! Бӕрзонд хохыл сарӕзтай де ’нӕуаг кувӕн бынат ӕмӕ йыл хӕссыс нывӕндтӕ.


Рагзаманы дын Ӕз ныппырх кодтон де ’фсондз, аскъуыдтон дын дӕ бӕндӕнтӕ. Ды загътай: «Ӕз гуымирытӕн нал лӕггад кӕндзынӕн». Фӕлӕ алы бӕрзонд къуыбырыл, алы къабузджын бӕласы бын хъахбай митӕ кодтай!


Ӕрмӕст дӕ фыдракӕндыл басӕтт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхмӕ сыстадтӕ, алы къабузджын бӕласы бын ӕцӕгӕлӕттӕн рӕвдауӕн митӕ кодтай ӕмӕ Мын Мӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстай“, — зӕгъы Дунедарӕг.


Паддзах Иосиайы заман мӕм Дунедарӕг раргом ис ӕмӕ мын загъта: Ды Израилы чызгӕн, гадзрахатӕй рацӕуӕгӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр федтай. Алы къуыбырмӕ, алы къабузджын бӕласмӕ цыди ӕмӕ уым хъахбай митӕ кодта.


Уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ цӕмӕн мӕсты кӕнут? Мысыры зӕххыл, ӕрцӕрынмӕ кӕдӕм ӕрбацыдыстут, уым ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд цӕмӕн судзут? Фесафдзыстут уӕхи! Зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕ уӕ иууылдӕр ӕлгъитдзысты, фӕхудинаг уыдзыстут се ’хсӕн.


Дӕ дарӕстӕ райстай ӕмӕ дзы дӕхицӕн сарӕзтай хӕзгулрӕвдауӕн къуыбыртӕ, ӕмӕ уымыты хъахбай митӕ кодтай дӕ хӕзгултимӕ; ахӕм хабар уымӕй размӕ никуыма ӕрцыд, стӕй сомбоны дӕр нал ӕрцӕудзӕн.


Цагъд адӕмы мӕрдтӕ куы лӕзӕрой сӕ гуымирыты раз, сӕ нывондхӕссӕнты алыварс, стӕй алы бӕрзонд къуыбырыл, ӕппӕт хӕхты цъуппытыл, ноджы алы дидинӕгкалӕг бӕласы бын ӕмӕ алы къабузджын тулдзы бын — сӕ гуымирытӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕмыты сыгътой, уымыты, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Израилӕгты тӕригъӕдӕн ӕвдисӕн цы уаз къуыппытӕ сты, уыдон ӕрцӕудзысты дӕрӕнгонд, какон сындз ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты сӕ нывондхӕссӕнтӕ. Хӕхтӕм дзурдзысты: «Ӕрӕмбӕрзут нӕ!», къуыбыртӕм: «Ӕркӕлут ныл!»


Цас фылдӕр сидтӕн израилӕгтӕм, уыйас мӕ сӕхи дарддӕр ластой, нывӕндтӕ хастой Баалтӕн ӕмӕ буд сыгътой гуымирытӕн.


Баалы гуымирытӕн буд кӕй сыгъта, уый тыххӕй йӕ Ӕз бафхӕрдзынӕн. Йӕхи-иу хъусцӕджытӕ ӕмӕ фӕрдгуытӕй сфӕлыста, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хӕзгулты фӕдыл зылди, Мӕн та-иу рохуаты ныууагъта, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕ бинойнаг адӕмы бын баззайдзӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ кардылӕфтыд фӕуыдзысты, зӕхбарӕг дын дӕ зӕхх байуардзӕн. Дӕхӕдӕг тӕригъӕдджын зӕххыл амӕлдзынӕ, израилӕгты та ӕцӕгӕлон зӕхмӕ уацары акӕндзысты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan