Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 4:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Мӕ адӕм сӕ бӕласы фӕрсынц, ӕмӕ сын уый дзуапп ратты. Сӕ хъахбайдзинад сын сӕ фӕндаг ныссуйтӕ кодта ӕмӕ, ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ Хуыцауӕй адард сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 4:12
25 Iomraidhean Croise  

Израилӕгтӕ сӕ Хуыцауы, Дунедарӕджы, раз тӕригъӕды цӕуын байдыдтой. Кӕддӕр сӕ Уый ракодта Мысыры зӕххӕй, суӕгъд сӕ кодта фараоны ӕфсондзы бынӕй. Фӕлӕ адон фӕзмын райдыдтой, кӕддӕр сын Дунедарӕг сӕ цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕгъдӕуттӕ, стӕй Израилы паддзӕхты ӕнаккаг митӕ.


Уый нӕ, фӕлӕ ацыдтӕ израилаг паддзӕхты фӕндӕгтыл, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕуаг митыл бафтыдтай, Ахавы хӕдзарвӕндаджы бафӕзмыдтай. Ды амардтай дӕ хӕрз ӕфсымӕрты, дӕуӕй хуыздӕр чи уыди, уыдоны.


Фӕлӕ чысыл куы вӕййы сӕ нымӕц, ӕфхӕрд, фыдбӕллӕх ӕмӕ тухиты бын хъизӕмар куы февзарынц,


Гуымирытӕ ӕнӕзонд сты, зондцухтӕ. Уыдон цӕуыл хъуамӕ сахуыр кӕной адӕмы?


«Мӕ фыд», зӕгъгӕ, бӕласмӕ дзурынц, «ныййарӕг мад» схонынц дур. Се ’ргом нӕ, фӕлӕ Мӕм сӕ чъылдым раздахынц! Бӕллӕхы заман та зӕгъдзысты: «Фӕзын-ма, фервӕзын нӕ кӕн!»


Ӕз федтон, самариаг пехуымпартӕ зондцухтау Баалы номӕй пехуымпариуӕг куыд кодтой ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы, Израилы, куыд фӕрӕдийын кодтой, уый.


Сымах дзурут, цӕй ӕмӕ муртаттӕгтау, ӕндӕрбӕстаг адӕмтау, хъӕдтӕм ӕмӕ дуртӕм кувӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕ хъуыдыйы цы ис, уый уӕ къухы ницы хуызы бафтдзӕн!


Уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах ӕрлӕудзӕни дыууӕ фӕндаджы райдиан ӕмӕ дӕсны фӕрсын райдайдзӕн: хӕлттау цӕгъддзӕни йӕ фаттӕ, фӕрсдзӕни йӕ хӕдзарон хуыцаугӕндты, игӕрмӕ кӕсдзӕни.


Скувут Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын зӕгъут: «Ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нын айс нӕ куывд, нӕ дзыхы ныхас Дын ӕрхӕсдзыстӕм нывондӕн.


Се ’лгъаг митӕй сӕ не ’вдӕлы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ хъахбайдзинад сӕ туджы ахызти, Дунедарӕджы нӕ базыдтой.


Израилы хӕдзары стыр диссӕгтӕ уынын: фехӕлди Ефрем, фӕчъизи ис Израил.


Израил, иннӕ адӕмтау цин ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ды ферох кодтай дӕ Хуыцауы, хъахбай митыл бафтыдтӕ ӕмӕ хӕтаг сылау алы мусы хъахбайты мызд ӕмбырд кӕныс.


Цы цӕуӕнгӕс дӕлимонтимӕ хӕтынц, уыдонӕн мауал хӕссӕнт нывӕндтӕ. Уый сын уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


уӕд Ӕз уыцы адӕймаг ӕмӕ йӕ мыггаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, йӕхи дӕр ӕмӕ ма йемӕ хъахбайау Молохы фӕдыл чи цыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, сӕ адӕмӕй фӕхъӕудзысты.


Цыфӕнды фӕлитой дӕр исты куы ӕрымысид ӕмӕ куы зӕгъид, сӕн ӕмӕ махсымӕйӕн уӕм ныккӕнӕн дӕр нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ацы адӕмӕн хорз пехуымпар суаид.


Додой йӕ къона, суджы лыггагмӕ, райгас у, зӕгъгӕ, чи сиды, ӕгомыг дурӕн, сыст, зӕгъгӕ, чи дзуры! Ау, уыдон ӕй истӕуыл сахуыр кӕндзысты? Кӕд сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй конд сты, уӕддӕр сӕ мидӕг уд нӕй.


Цӕмӕй-иу уыцы цупӕлттӕм гӕсгӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууой Дунедарӕджы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ, ӕххӕст сӕ кӕнат ӕмӕ уӕ ма сайой хъахбайдзинадмӕ уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ цӕстытӕ.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ды дӕ сыджытыл куы бафтай, уӕд ацы адӕм, кӕй бӕстӕм цӕуынц, уыдоны хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл уыдзысты. Мӕныл сӕхи атигъ кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.


Уыдон ын загътой: «Цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрцыдыстӕм, уымӕн йӕ кӕрон хорз уыдзӕн ӕви нӕ, уый-ма нын базон, бафӕрс-ма Хуыцауы».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan