Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 3:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 3:4
44 Iomraidhean Croise  

Уыцы рӕстӕг Лаван ацыд йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ, ӕмӕ Рахел радавта йӕ фыды хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ.


Уӕдмӕ Рахел хуыцаугӕндтӕ райста, теуайы саргъыл цы хордзен ӕфтыд уыди, уым сӕ нывӕрдта ӕмӕ йыл ӕрбадти. Лаван ын басгӕрста йӕ цатыры ӕппӕт къуымтӕ, фӕлӕ ницы ссардта.


Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Давид, йӕ уӕлӕ сауджыны кӕттаг ефод, афтӕмӕй Дунедарӕджы раз йӕ кафынӕй нал ӕнцад.


Иосиа ныццӕгъдын кодта мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты, ныппырх кӕнын кодта, Иудейы зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы хӕдзарон хуыцаугондӕй, гуымирыйӕ, стӕй ӕлгъагӕй цыдӕриддӕр разынди, уыдон. Ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кодта, сауджын Хилкиа Дунедарӕджы Кувӕндоны цы Ӕгъдауы чиныг ссардта, уым цы фыст уыди, уый.


ӕмӕ уый Асайы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Аса, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕм, ӕрбайхъусут-ма уе ’ппӕт дӕр! Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ, цалынмӕ уӕхӕдӕг Йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы Йӕ агурат, уӕд уӕм раргом уыдзӕн. Фӕлӕ Йӕ куы ныууадзат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сцӕттӕ кӕнӕнт ахӕм уаз дарӕс: риуылдарӕн, ефод, пӕлӕз, нывӕфтыд хӕдон, сарыхъ ӕмӕ рон, цӕмӕй Мын сауджынлӕггад кӕной.


Ефод скӕнӕнт сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй, нывӕфтыдтимӕ.


Йӕ кулдуӕрттӕ йын афӕлдӕхта зӕххыл, куы ратыдта, куы срӕдывта ӕвдузӕнтӕ! Уӕ, тард куы ’рцыдысты сӕ зӕххӕй паддзах ӕмӕ уӕздӕттӕ! О, нал хъуысы Хуыцауы Ӕгъдау! О, пехуымпартӕн Дунедарӕг ныр нал ӕвдисы рагуацтӕ!


Йӕ зӕнг, йӕ къалиутыл ын сирвӕзт пиллон арт, йӕ дыргътӕ йын аныхъуырдта. Паддзахы лӕдзӕгӕн чи сбӕзза, ахӕм фидар къалиу ыл нал баззад“. Ай хъарӕг у ӕмӕ баззайдзӕни хъарӕджы номыл».


Сымах дзурут, цӕй ӕмӕ муртаттӕгтау, ӕндӕрбӕстаг адӕмтау, хъӕдтӕм ӕмӕ дуртӕм кувӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕ хъуыдыйы цы ис, уый уӕ къухы ницы хуызы бафтдзӕн!


Уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах ӕрлӕудзӕни дыууӕ фӕндаджы райдиан ӕмӕ дӕсны фӕрсын райдайдзӕн: хӕлттау цӕгъддзӕни йӕ фаттӕ, фӕрсдзӕни йӕ хӕдзарон хуыцаугӕндты, игӕрмӕ кӕсдзӕни.


Ныххуырсдзынӕн дыл Мӕ маст, Мӕ масты пиллӕйттӕ дыл ныккалдзынӕн ӕмӕ дӕ ратдзынӕн, марын ахуыр чи у, уыцы агъуыд адӕмы къухтӕм.


Йе ’фсӕдтӕ Кувӕндоны фидар фӕчъизи кӕндзысты, ӕмӕ дзы ӕрвылбоны нывӕндтӕ ничиуал хӕсдзӕн, Кувӕндоны ӕлгъаг заууаты заман ралӕудзӕн.


Ӕрвылбоны нывӕндтӕ куы ничиуал хӕсса ӕмӕ ӕлгъаг заууат куы ралӕууа, уыцы заманӕй рацӕудзӕн иу мин дыууӕсӕдӕ нӕуӕдз боны.


Ӕрбабырсӕг фӕтӕг бирӕтимӕ авд азы ӕмгъуыдмӕ бафидаудзӕн ӕмӕ, цалынмӕ авд азы иу ӕмбис рацӕуа, уӕдмӕ Кувӕндоны ӕмгӕрон хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ нал уадздзӕн. Кувӕндоны ралӕудзӕни ӕлгъаг заууат, цалынмӕ гӕныстонгӕнӕгӕн йе сӕфт ӕрцӕуа, уӕдмӕ, рагацау куыд нысангонд уыд, афтӕ».


Кӕм ис ныр уӕ паддзах, цӕуылнӕ уӕ фервӕзын кӕны уӕ алы сахары дӕр? Кӕм сты уӕ тӕрхоны лӕгтӕ, афтӕ кӕй тыххӕй дзырдтат: «Ратт нын паддзах ӕмӕ фӕтӕгтӕ».


Мӕ маст уӕм куы рафыхт, уӕд уын паддзахы радтон ӕмӕ, куы смӕсты дӕн, уӕд уын ӕй фӕстӕмӕ айстон.


Ӕз ын кӕрон скӕндзынӕн йӕ хъӕлдзӕгдзинӕдтӕн, мӕйногтӕ ӕмӕ сабӕттӕн — алы бӕрӕгбонӕн.


Аароныл скодта хӕдон ӕмӕ йын ӕй ронӕй ӕрбабаста. Уый фӕстӕ йыл скодта пӕлӕз, уый ӕдде та — раздарӕн, астӕубосӕй йӕ ӕрбалвӕста.


Хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ та сайгӕ кӕнынц; дӕснытӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ уынынц ӕмӕ мӕнг фынтӕ дзурынц, ныфсытӕ ӕвӕрынц тутт ныхӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ адӕм фыстау сдзӕгъӕл сты, фыййау сын нӕй.


Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз ацы зӕххыл мӕнг хуыцӕутты ныццӕгъддзынӕн, мӕнг пехуымпарты ӕмӕ алы ӕлгъӕгтӕм мондаггӕнӕг моны фесафдзынӕн зӕххӕй.


Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.


Фӕлӕ уыдон хъӕр систой: «Амар Ӕй! Амар Ӕй! Байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Уӕ Паддзахы уын байтындзон?» Хистӕр сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн кесӕры йеддӕмӕ паддзах нӕй».


Кӕд ӕмӕ, ӕцӕгад базонгӕйӕ, уӕддӕр тӕригъӕды цӕуӕм, уӕд уыцы тӕригъӕдтӕн ныр ницавӕр нывондӕй уыдзӕн ссыгъдӕг кӕнӕн,


Афтӕ Михамӕ фӕзынди йӕхи кувӕндон. Ефод ӕмӕ хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ дӕр сарӕзта, сауджынӕй та сӕвӕрдта йӕ фырты.


уӕд, уымӕй размӕ Лаишмӕ бӕрӕгдзау цы фондз хӕстоны ацыдысты, уыдон иннӕтӕн загътой: «Сымах зонут, ацы хӕдзӕрттӕй иуы хуыцауы кӕрдгӕныв, ефод, хуыцаугӕндтӕ ӕмӕ джиппыуагъд гуымиры кӕй ис, уый? Уӕдӕ ахъуыды кӕнут, цы кӕнгӕ уын у, ууыл».


Утӕппӕт сыгъзӕринӕй Гедеон саразын кодта ефод ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ сахары, Офрайы. Израилӕгтӕ йын табу кӕнын райдыдтой ӕмӕ мӕнг хуыцӕутты фӕдыл ацыдысты. Гедеон ӕмӕ йӕ мыггагӕн ефод сси сӕ ахсӕн хыз.


Уыдонимӕ — Ахитувы фырт Ахийа дӕр, ефод-иу хӕрдмӕ чи систа, уый, раздӕр Силомы Дунедарӕджы сауджын чи уыди, уыцы Елиайы байзӕддаг. Ахитув ӕмӕ йе ’фсымӕр Ихавод Елиайы фырт Пинхасы фырттӕ уыдысты. Саулимӕ цы адӕм уыд, уыдонӕй дӕр ничи зыдта, Ионатан кӕй ацыд, уый.


Иу у сӕ азым дӕсныфӕрсӕг ӕмӕ ӕнӕсӕттонӕн, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕн кувӕг ӕмӕ хивастӕн. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уымӕ гӕсгӕ дыл Уый дӕр атигъ кодта Йӕхи, цӕмӕй паддзахиуӕг мауал кӕнай».


Самуел та лӕггад кодта Дунедарӕджы хӕдзары ӕмӕ, кӕд нырма ӕвзонг уыди, уӕддӕр дардта ефод, гӕнӕй уафт хъуымацӕй.


Сауджын загъта: «Мӕнӕ Теревинфы дӕлвӕзы кӕй амардтай, уыцы филистимаг Голиафы кард ефоды фӕстӕ кӕттаджы тыхтӕй лӕууы. Кӕд дӕ фӕнды, уӕд ӕй райс, ӕндӕр мӕм ницы ис». Давид загъта: «Амӕн дзы ӕмбал нӕй. Ратт мын ӕй».


Уӕд паддзах загъта Доегӕн: «Цу уӕдӕ ды амар сауджынты». Ӕмӕ едомаг Доег сауджынты ныццагъта. Уыцы бон уый амардта ӕстай фондз лӕджы, гӕнӕй уафт ефод чи дардта, ахӕмты.


Ахимелехы фырт Авиафар Давидмӕ куы ӕрбалыгъд, уӕд Кеиламӕ ахаста ефод дӕр.


Давид Саулы фыдвӕнд куы базыдта, уӕд фӕдзырдта сауджын Авиафармӕ: «Рахӕсс-ма ефод».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan