Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Осиа 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕмӕ ӕз мӕхицӕн балхӕдтон сылгоймаджы, фынддӕс шекелы ӕвзист ӕмӕ йыл иу ӕмӕ ӕрдӕг хомеры хъӕбӕрхор радтон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Осиа 3:2
9 Iomraidhean Croise  

Гъе афтӕмӕй ссӕдз азы арвыстон дӕ хӕдзары. Дӕ дыууӕ чызджы тыххӕй дын фӕкуыстон цыппӕрдӕс азы, фосы тыххӕй та — ӕхсӕз. Мӕ мызд дӕр мын аивтай иу-дӕс хатты.


Фӕлӕ йын фыд йӕ чызджы раттыныл куы не сразы уа, уӕд дӕр чызджы фыдӕн бафидӕд ирӕды бӕрц.


Галты цӕд иу бонмӕ кӕй бахуым кӕнид, ахӕм сӕндон иу батӕй фылдӕр сӕн нӕ ратдзӕни, хоры хомер — ефӕйӕ фылдӕр тыллӕг».


Барӕн ефӕ ӕмӕ барӕн бат ӕмхуызон хъуамӕ уой, сӕ алкӕй дӕр хъуамӕ цӕуа хомеры дӕсӕймаг хай. Хъуамӕ барст цӕуой хомермӕ гӕсгӕ.


Загътон ын: «Бирӕ рӕстӕг цӕр мӕ хӕдзары. Дӕ хъахбай митӕ ныууадз, макӕимӕ хӕт, ӕмӕ дын ӕз дӕр афтӕ уыдзынӕн».


Исчи йӕ зӕххы хай Дунедарӕгӕн куы снывонд кӕна, уӕд ын саргъ кӕнын хъӕуы йӕ тауинаджы бӕрцмӕ гӕсгӕ: хъӕбӕрхоры хомерӕн — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз шекелы ӕвзист.


Ноджы ма курын Махлоны усы, моаваг Руфы, дӕр, йӕ мард лӕджы исбон йӕ фӕдонтӕн куыд баззайа, йӕ ном та йе ’рвадӕлты ӕмӕ сахары цӕрджыты ’хсӕн куыннӕ фесӕфа, афтӕ; абон мын сымах ӕвдисӕнтӕ фӕут».


Саул сын бафӕдзӕхста: «Зӕгъут Давидӕн: паддзахы ирӕд нӕ хъӕуы, ӕрмӕст ын йе знӕгтӕй йӕ маст райс — амар сӕдӕ филистимаджы, сунӕт сын скӕн ӕмӕ сын сӕ лыггӕгтӕ паддзахмӕ ӕрбахӕсс». Саул йӕ зӕрдӕ дардта, ныр Давид филистимӕгты къухӕй амӕлдзӕн, зӕгъгӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan