21 Уыцы бон Ӕз ратдзынӕн дзуапп, — зӕгъы Дунедарӕг, — арвӕн зӕгъдзынӕн, ӕмӕ зӕххыл къӕвда ӕруадздзӕни.
Къӕвда кӕнӕ мит куы рауары, уӕд арвмӕ фӕстӕмӕ нӕ аздӕхы, цалынмӕ зӕххӕн йӕ дойны басӕтты, уӕдмӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй зӕхх свӕййы сойджын, ӕмӕ йыл ӕрзайы хортӕ — тауинагӕн дӕр ӕмӕ хойрагӕн дӕр.
Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал нымайдзысты дзӕгъӕл сахарыл, дӕ зӕхх дӕр дын нал схондзысты «ӕдзӕрӕг быдыр». Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕхи хондзысты «Хуыцауы уарзон», дӕ зӕхх та — «моймӕдзыд»! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзынӕ, ӕмӕ Йын дӕ зӕхх суыдзӕни бинойнагау.
Лӕппу чызгимӕ куыд баиу вӕййы, афтӕ баиу уыдзӕни демӕ дӕ Саразӕг, усгур йӕ усагыл куыд бацин кӕны, афтӕ дыл бацин кӕндзӕни дӕ Хуыцау.
Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.
Фервӕзын уӕ кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕй, ратдзынӕн уын хор ӕмӕ йӕ сбирӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй стонг ма ӕвзарат.
Алы ран сзайдзысты йӕ талатӕ, срӕсугъд уыдзӕн оливӕ бӕласау, Ливаны бӕлӕстау йӕ хӕрздӕф уӕлдӕфы хъардзӕн.
Дзуапп сын ратдзӕнис ӕмӕ зӕгъдзӕн Йӕ адӕмӕн: «Хор, сӕн ӕмӕ уын сой ратдзынӕн, бафсаддзыстут уӕхи. Ӕцӕгӕлон адӕмтӕн уӕ хынджылӕггаг никуыуал скӕндзынӕн.
Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»
Сабырӕй байтаудзысты сӕ хуымтӕ, сӕнӕфсиры талайыл гагатӕ равзӕрдзӕн, зӕхх тыллӕг ратдзӕнис, арвӕй ӕртӕх ӕрызгъӕлдзӕн. Ӕмӕ уыдӕттӕ Ӕз иууылдӕр, Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ратдзынӕн исбонӕн.
ӕрбакӕндзынӕн сӕ, ӕмӕ цӕрдзысты Йерусалимы. Уыдон уыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та сын уыдзынӕн иузӕрдион ӕмӕ раст Хуыцау.
Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?
Уӕ зӕххы бӕркад уын чи ныхъуыры, уыдоны Ӕз бауромдзынӕн, уӕ сӕнӕфсиртӕ быдырты ӕнӕ дыргъӕй нал баззайдзысты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.
Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ не ’ппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви?