11 Ӕз ын кӕрон скӕндзынӕн йӕ хъӕлдзӕгдзинӕдтӕн, мӕйногтӕ ӕмӕ сабӕттӕн — алы бӕрӕгбонӕн.
Ӕстӕм мӕйы фынддӕсӕм бон снысан кодта бӕрӕгбон, иудейаг бӕрӕгбон фӕзмгӕйӕ, ӕмӕ Даны нывондхӕссӕныл ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ. Афтӕ бакодта Вефилы дӕр, цы уӕнгуытӕ скӕнын кодта, уыдонӕн ӕрхаста нывӕндтӕ. Вефилы цы кувӕн къуыбыртӕ скодта, уыдонӕн сӕвӕрдта, йӕхӕдӕг кӕй снысан кодта, уыцы сауджынты.
Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау: «Уӕ цӕстыты раз, уӕ заманы, Ӕз ацы зӕххыл цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр бамынӕг кӕндзынӕн.
Цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр, куыройы хъыррыст нал фехъусдзысты, цырагъы рухс нал фендзысты.
Иудейы сахарты ӕмӕ Йерусалимы уынгты цин ӕмӕ бӕрӕгбоны уынӕрӕн Ӕз кӕрон скӕндзынӕн. Усгур ӕмӕ чындзы хъӕлӕстӕ нал хъуысдзысты, ацы зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн.
Ӕз дын дӕ зарджыты уынӕр бамынӕг кӕндзынӕн, нал хъуысдзӕни дӕ хъисфӕндырты цагъд дӕр.
Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.
Дунедарӕгыл сӕ зӕрдӕ сивтой, уымӕн ӕмӕ дзӕгъӕлзад цот ныййардтой. Сӕ мӕйногтӕ сӕ ныр ӕд зӕххытӕ аныхъуырдзысты.
Бынтон дзӕгъӕлы хардз кӕндзыстут уӕ хъару — уӕ зӕххыл тыллӕг нал ӕрзайдзӕн, уӕ бӕлӕстӕ дыргъ нал ратдзысты.
Уӕ бӕрӕгбӕттӕ Мын ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕуынон сты, уӕ нывӕндты фӕздӕг улӕфын Мӕ нӕ фӕнды.
Уыцы бон галуантӕй зарджыты бӕсты райхъуысдзӕни кӕуын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Зӕхх мӕрдтӕй байдзаг уыдзӕн. Алы ран дӕр — мӕрдтӕ, мӕрдтӕ! Сабыр!»
Сымах дзурут: «Мӕйноджы бӕрӕгбон куы фӕуа, уӕд та хор уӕй кӕндзыстӕм, сабаты фӕстӕ байгом кӕндзыстӕм нӕ хордӕттӕ. Ефӕйы уӕз та фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм, шекелы аргъ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕнтӕй адӕмы фӕливдзыстӕм.
Какон сындзытау сыздыхстысты кӕрӕдзиуыл, ныррасыг сты сӕнӕй, хус хъӕмпау басудздзысты!